Ног азы райдайæн Дзæуджыхъæуы политехникон техникум йæ ном аивдзæн – суыдзæн Дзæу-джыхъæуы паддзахадон бирæкъабазджын техникум. Ахæм уынаффæ рахаста республикæйы хица-уад. Æрмæст йæ ном нæ аивдзæн ахуыргæнæндон, фæлæ – йæ статус дæр.
«Ног статус техникумæн ратдзæн фылдæр гæнæнтæ æмæ хæдбар-дзинад йæ финансон-экономикон архайды. Уый руаджы та ахуырадонкуыстадон хотыхтæ райрæзын кæнынæн фадат фæуыдзæн, куыс-тады фæтк ныффидар кæндзыстæм æмæ, цы продукци аразæм, уый зæрдæмæдзæугæ æргътыл уæй кæнын нæ бон уыдзæн, стæй ма фæфылдæр уыдзысты нæ æнæбюджетон фæрæзтæ дæр. Нæ ахуыргæнæндоны номы тыххæй куы дзурæм, уæд уый дæр рæстæджы домæн у, уымæн æмæ мах цæттæ кæнæм специалисттæ экономикæйы алы къабæзтæн. Коллектив та ахсджиаг хъуыддагыл нымадта нæ техникумæн йæ раздæры ном (ВГМТ) раздахын, уымæн æмæ уый у æцæг адæмон», – загъта техникумы директор Бирæгъты Давид.
Уæ зæрдыл уын æрлæууын кæндзыстæм, абон техникум у Цæгат Кавказы иунæг астæуккаг ахуырадон уагдон, 1981 азы Хæлардзинады орден кæмæн саккаг кодтой, адæмон хæдзардæн специалисттæ цæттæ кæныны, наукон-техникон сфæлдыстад æмæ ахуырадон-хъомыладон куысты æнтыстдзинæдты тыххæй.
ГАПБАТЫ Алетæ














