Æвæдза, куыд диссаг у цард… Цас хорз адæмтæ ацыдысты не ’хсæнæй се ’цæг дунемæ. Хъыгагæн, æнæмæлгæ дуне нæй. Хъысмæты ныхмæ та адæймаджы бон æппындæр ницы у. Хуыцау алкæмæн дæр зæххон цардæй цас снысан кодта, уымæй дарддæр – ницы. Цардæй чи ахицæн, уыдонæн нæ бон у æрмæстдæр сæ нæмттæ æрымысын æмæ сæ нæ зæрдыл дарын…
Нæ газеткæсджытæн мæ фæнды радзурын дурдуйраг, дзæнæты бадинаг, Сагкаты Амырханы (фæсномыгæй йæ хиуæттæ æмæ хъæубæстæ Бухахуыдтой) тыххæй.
Буха райгуырд 1916 азы зæхкусæг бинонты ’хсæн. Йæ сабибонтæй фæстæмæ дæр фæллойыл хæст уыд, æххуыс кодта йæ ныййарджытæн. Бинонты хъуыддаг бакодта, цард-æмбалæн æрхуыдта Хъойбайты чызг Дзариффæйы (Дзæффæ). Рантыст сын дыууæ лæппуйы æмæ чызг. Буха канд йæхи хъæбулты нæ, фæлæ ма йæ хойы дыууæ чызджы дæр схъомыл кодта, моймæ дæр сæ йæхи хæдзарæй ратта. Адæм уыцы рæстæг кæд уæззау цард кодтой, уæддæр кæрæдзиуыл æнувыддæр уыдысты.
Амырхан уыд финнаг æмæ Фыдыбæстæйы Стыр хæстыты архайæг. Йæ хъæбатырдзинады тыххæй йæ советон хицауад схорзæхджын кодта паддзахадон хæрзиуджытæй: дыууæ майданы – «Хæстон сгуыхтдзинæдты тыххæй», Жуковы майдан, Фыды-бæстæйы Стыр хæсты 1-аг къæпхæны орден æмæ майдан «Германыл фæуæлахизы тыххæй».
1942 азы хъæбатыр хæстонæн йæ къух фæцæф, æхсын йæ бон нал уыд, фæлæ уæддæр баззад советон æфсады рæнхъыты. Дарддæр куыста æфсæддон аэродромы: хæдтæхджыты артагхъуаг нæ уагъта. Афтæ архайдта хæстæн йæ кæронмæ. 1945 азы, Советон Цæдис фашистон Германыл куы фæ-уæлахиз, уæд не стыр Цæдисы адæмтæ бавнæлдтой сабыр цард аразынмæ. Буха дæр æрыздæхт йæ райгуырæн хъæумæ æмæ фæллой кодта колхозы. Уыцы рæстæг колхозы зынгсирвæзтыты ныхмæ уыд æрмæстдæр иу машинæ, æмæ ууыл шофыримæ куыста. Хъæуы мидæг, кæнæ колхозы зынгсирвæзт æрцыд, зæгъгæ, уæд-иу Буха уайтагъд уым балæууыд æмæ-иу æй
ахуыссын кодта.
Бухайæн сабыр царды дуджы дæр йæ лæгдзинад йæ разæй цыд. Иу бон сыхы зæронд устытæ сæ дуармæ бадтысты, сывæллæттæ та алыхуызон хъæзтытæй хъазыдыс-ты, ратæх-батæх кодтой.
Хæсты фæстæ азты адæм кæд мæгуыр цард кодтой, уæддæр алы хæдзары дæр фондз-æхсæз сывæллонæй къаддæр нæ уыдис, фылдæр йеддæмæ. Колхозы кусджытæй чидæр сихор кæнынмæ сæхимæ æрбаздæхт, йæ трактор сæ дуармæ фæуагъта æмæ мидæмæ, ахæрон, зæгъгæ, бацыд. Цас афæстиат, чи зоны, фæлæ цыдæр æгъдауæй трактор уырдыджы атылд. Буха уый куы ауыдта, уæд, йæ фырадæргæй цы акодтаид, уый нал зыдта. Йæ сæры уыд æрмæстдæр иу хъуыды – сывæллæттæ… Бирæ рахъуыды-бахъуыды кæнынæн рæстæг нæ уыд æмæ йæхи тракторы цалхы бынмæ уыциу æппæрст бакодта… Трактор ныллæууыд. Бухайæн йæ фæрсчытæй цалдæр асаст, йæ фæсонты царм растыхст, фæлæ удæгасæй баззад.
Адæймаг, дам, иу хатт мæлы, фæзæгъынц. «Æгады цардæй мæлæт –
хуыздæр», – дзырдтой нæ фыдæлтæ дæр. Гъе, афтæ Буха дæр æгады цард йæ сæрмæ не ’рхаста, сывæллæтты сæрвæлтау цæттæ уыд йæ цард раттынмæ.
Бухайæн йæ царды фæстаг бонты онг лæггад фæкодта йæ хъæбулы хъæбул Хъыргъуыты Кермен. Йæ цæрæнбон бирæ уæд! Суанг ма йæ хæстон бабайæн Кады хъалагъуртæ баххуырста, афтæмæй йæ йе ‘нусон фæндагыл афæндараст кодта (уый зæронд лæгæн йæ иунæг бæллиц уыд).
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














