Æнæбафиппайгæ нæй, фæстаг азты паддзахадон программæты æххуысæй кæй базылдысты æмæ саив кодтой бирæ æхсæнадон бынæттæ. Сæ бакаст аивта, сæ уавæртæ фæхуыздæр сты.
Афтæ, Æрыдоны дæр «Фæскомцæдисон парк» бындурон рацарæзты
руаджы бынтон ног фæлгонц райсдзæн.
«Горæтаг хæрзвадæттæ аразыны» хуыздæр проект-ты 8-æм æппæтуæрæсеон конкурсы уæлахиздзау суæвгæйæ, Æрыдонæн 2023 азы радих кодтой 75 мил-уан сомы.
Арæзтадон куыстуат «Ирстрой-Капитал» уал-дзæджы куыстытæм бавнæлдта. Ныридæгæн дæр дзы ис, зæрдæ цæмæй барухс уа, ахæм бынæттæ, зæгъæм, тæккæ бацæ-уæн сфидыдта арт-объект «Бинонтæ»-йæ.
– Зæронд парк кæд иу гектар ахста, уæд ног арæзтад та апарахат уы-дзæнис цыппар гектарыл. Цы бæлæстæ дзы уыдис, уыдон бахъахъхъæныныл бацархайдтам. Тæгæр, кæрз æмæ æндæр бæлæсты аууон адæм сæ фæллад уадздзысты, – зæгъы арæзтадон хайады прораб Гугкаты Зауыр. – Райсомæй раджы райдайы нæ куыст, æмæ нæ кæд æрдзы хорзæх уа, уæд суанг изæрдалынгтæм фæкусæм. Цымыдисаг æмæ зæрдæмæдзæугæ уыдзæн ацы парк адæмæн. Сывæллæттæн сæмбырд кæн-дзыстæм æртæ алыхуызон хъазæн фæзы, велосипедыл тезгъо кæнынæн дзы уыдзæн сæрмагонд фæндаг, стæй йæ ам рæстæгмæ райсæн дæр уыдзæн, хицæн ран уыдзæнис нырыккон тренажертæн фæзуат, стæй кæм æрбадай аууоны, ахæм фæлладуадзæн бандæттæ.
Хистæр кары адæмæн дзы сараздзыстæм, рагон Ныхас куыд уыдис, ахæм аив æмæ æнцонвадат бынат.
Паркæн йæ фидауц
уыдзæнис «Къаппа-къуппа»-йы хуызы фонтан. Нæ республикæйы ма ахæм ис Дзæуджыхъæуы Терчы был.
Фæлладуадзджытæн удæнцойдзинад уыдзæн сæ хæдтулгæтæн æрлæууæн бынат, чысыл хæрæндон æмæ къофицымæн. Æнæмæнг, арæзт æрцæудзысты æдасдзинады фарстатæ, æрмæст электрон рухсæн дзы сæвæрдзыстæм 103 телы-
хъæды. Паркæн йæ алыварс æхгæд уыдзæн рæсугъд быруйæ, фæстæдæр та сфидаудзæн цъæх кæрдæг æмæ дидинджытæй. Объекты техникон цæттæдзинад абонмæ у 70 процентæй фылдæр, – дзуры Зауыр.
Прораб сæйраг адæймаг у арæзтады. Æнæхъæн бон йæ цæст дары куыстмæ, цæмæй æнæкъуылымпыйæ ласой арæзтадон æрмæджытæ, сæ хæрзхъæддзинадмæ кæсы, ахсджиаг у кусджыты æдас-дзинад.
Гугкаты Зауыр нырма æрыгон специалист у. Каст фæцис Хæххон-металлургон институты архитектурон-арæзтадон факультет. Куыстуаты разамынд ын бабар кодтой ацы хъæугæ объект саразын, æмæ æппæт хъарутæй йе ‘мкусджытимæ архайы.
– Æнæ улæфты бонæй объекты кусы 15 адæйма-джы, – экскаваторты, погрузчикты, уæзласæн машинæты шофыртæ æмæ æндæр специалисттæ. Бетон ласынц Æрхонкæйæ, хуырдур – Алагирæй, къахвæндæгтæн къæйтæ – Ногирæй. Ныридæгæн уал къуылымпытæ ницæмæй æййафæм. Арæзтад куыд цæуы, уымæ иудадзыг сæ цæст дарынц район æмæ горæты разамынд.
Куыстуаты генералон директор Сиукъаты Имеда алы хъуыддагмæ дæр кæсы лæмбынæг.
Иумæйаг хъарутæй архайæм, бирæ азты æрыдойнæгтæн чи балæггад кæна, ахæм нырыккон парк саразыныл, – загъта прораб æмæ ныфс бавæрдта, нысангонд æмгъуыдмæ арæзтадон куыстытæ кæй ахицæн уыдзысты, уымæй.
ЦÆГÆРАТЫ Жаннæ














