Мурат – «Ирон»-ы дыууын фæндзæм нокаут

0
53

Ирыстоны спортуарзджытæ тынг цымыдисæй æнхъæлмæ кастысты сæ уарзон боксер Гасситы Мурат – «Ирон», 26 октябры Сомихы сæйраг горæт Ереваны йын цы ног фембæлд нысангонд уыд, уым куыд рахæцдзæн, уымæ.

Мураты ныхмæлæууæг уыд даниаг боксер Кем Юнгквист, уый амæй размæ профессион боксæй цы æстдæс тохы архайдта, уыдоны се ’ппæты дæр фæуæлахиз йæ ныхмæлæуджытыл.

Фæндзæм раунды дыккæгæм минутыл Юнгквист йæхи Мураты цæфтæй бахъахъхъæнынмæ нæ сарæхст æмæ, цы уæззау цæф сæмбæлд, уый азарæй ринджы пъолыл æрхауд. Ринджы тæрхонгæнæг тох баурæдта æмæ не ’мзæххон фæуæлахизуæвæджы къух систа. Уый уыд Гасситы Мураты 25-æм нокаутæй рамбылд.

Йæ иузæрдион фарсхæцджытæн ацы рамбылдæй Мурат скодта æхсызгон лæвар, æмæ йын уыдоны зæрдæ зæгъы ног стырдæр сгуыхтдзинæдтæ!

Нæ уацхæссæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here