Горæтгæрон районы Тарскæйы хъæуы фыццæгæм скъолайы кадджын уавæры байгом кодтой Хæстон намыс æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты музейтæ.
Ацы ахсджиаг хъæугæ хъуыддаг цæмæй сырæзыдаид, уымæн ахуырадон уагдоны коллективæн стыр ахъаз бакодтой Фæмардуæвæг Фыдыбæстæ хъахъхъæнджыты бинонты æппæтуæрæсеон æхсæнадон организацийы цæгатирыстойнаг дæлхайады сæргълæууæг Татьянæ Днепровская, Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрады Цæгат Кавказы федералон зылды Паддзахадон управленийы сæргълæууæг, инæлар-булкъон Сергей Бачурин æмæ ацы ведомствæйы пресс-секретарь Дойаты Иринæ, Цæгат Ирыстоны мидхъуыддæгты министр Демьян Лаптев, æхсæнадон организаци «Терчы хъазахъхъы культурон центр»-ы сæргълæууæг Владимир Писаренко æмæ рекламон агентад «Зебра-мастер».
Ахуыргæнджытæ æмæ скъоладзаутæ стыр куыст бакодтой, æрæмбырд кодтой хъæздыг æрмæг. Фенæн дзы ис, хъæуæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи архайдта, уыцы хæстонты хуызистыты егъау стенд, сæрмагонд æфсæддон операцийы фæмардуæвæг хæстонты хуызистытæ, дарæс, хæрзиуджытæ, цы лæгдзинад равдыстой тохы быдыры, уый æвдисæнтæ. Зæрдиагæй бацархайдтой, сарæзтой зæрдæмæхъаргæ экспозицитæ. Музейтæ байгом кæныны кадджын мадзалмæ æрбахуыдтой, абон скъолайы рауагъдонтæй Украинæйы зæххыл хъазуатон тох чи кæны, стæй йæ цард хæсты быдыры цы æрыгон лæппутæн аскъуыд, уыцы хъæбатырты бинонты, хъæуы цæрджыты, районы хица-уад æмæ æхсæнадон организациты минæвæртты.
Бирæ адæм æрбацыд уыцы бон Тарскæйы скъоламæ. Уазджытæ базонгæ сты музейты æрмæджытимæ. Ныр алы адæймагæн дæр фадат уыдзæн ардæм æрбацæуынæн. Тохы быдыры фæмардуæвæг лæппуты нæмттæ сæнусон кодтой, цæрдзысты хъæуы цæрджыты зæрдæты.
ГАПБАТЫ Алетæ