Кафты паддзахадон ансамбль «Симд»-ы солист Санахъоты Иналæн йæ бирæ азты зæрдиаг архайд, ирон национ культурæйы рæзтмæ стыр æвæрæн кæй бахаста, уый тыххæй лæвæрд æрцыд Республикæ Хуссар Ирыстоны адæмон артисты ном.
Æрыгон кафæджы хицæн кæны йæ курдиаты цæхæр. Кæд æрыгон у, уæддæр бæрæг у йæ фæлтæрддзинад æмæ тырнындзинад. Иналыл нырма 23 азы йедтæмæ нæма цæуы, фæлæ йæ ныридæгæн бирæтæ абарынц зындгонд артист Плиты Нодаримæ. Йæ алы рацыд дæр сценæмæ, концертмæ æрбацæуæг адæмæн вæййы бæрæгбоны хуызæн æмæ тыхджын къухæмдзæгъдимæ сæмбæлынц сæ уарзон артистыл.
Нæ фыдæлты сæрыстырдзинад, ирон кафты рæсугъддзинад Инал афтæ дæсны равдисы, æмæ дзы цæст айсæн нал вæййы, уæлдайдæр та «Симд» æмæ «Хонгæ» куы фæкафы, уæд.
Æрыгонæй паддзахадон ансамблы солист суæвын æмæ дзы ахæм æнтыстдзинад равдисын æнцон хъуыддаг нæу. Æвæццæгæн ын уыцы хъуыддаджы баххуыс кодтой йæ æрдзон курдиат, физикон цæттæдзинад, æнæкæрон уарзондзинад ирон аивадмæ, æмæ йæхиуыл æнæрынцойæ кæй кусы, уый.
Кæд раздæр Инал кафтмæ куыдфæндыйы цæстæй каст, уæд ныр нал уыны йæ дарддæры цард æнæ симд, æнæ хонгæ, æнæ хæххон кафт.
— Мæ сабибонты фылдæр уарзтон спорты архайын, уæлдайдæр та – волейболæй хъазын. Ныр дæр дзы арæх фæхъазын ме ’мбæлттимæ. Кафджытæм мæ æрбахуыдта мæ мад, фæлæ-иу сæ арæх ныууагътон, ратыхсттæн-иу сæ. Иу рæстæг сфæнд кодтон, цæмæй сæ бынтондæр ныууадзон, фæлæ мæ мæ баба ахæм сæрыстыр уыд, æмæ та уæд æз дæр фæстæмæ бацыдтæн кафынмæ, — зæгъы артист.
Афтæ фæзæгъынц, йæ цард спорт, кæнæ кафтимæ сбæттын кæй фæнды, уый хъуамæ чысыл сабийæ райдайа ууыл архайын. Фæлæ бынтон афтæ нæ рауайы. Инал паддзахадон ансамблмæ æрбацыд, 16 азы йыл куы цыд, уæд. Иннæ кафджытæй уый æнхъæл дæр ничи уыд, æмæ æрыгон кафæг ахæм дæсныдзинад, арæхстдзинад æмæ тырнындзинад равдисдзæн. Фæлæ æрдзон курдиат æмæ зæрдиаг архайдæй равзæры ахæм иттæг хорз бæрæггæнæн.
Æрыгон кафæгыл йæ цæст фыццагдæр æрывæрдта ансамблы раздæры солист Æхболты Алан. Уæд ын уый сæрмагондæй райдыдта амонын кафты сусæгдзинæдтæ. Уæдæй нырмæ Инал иу ран нал бадти. Репетицитæм-иу æрбацыд фыццаг æмæ-иу иннæты фæстæ ацыд. Афтæ куыста йæхиуыл, йæ дæсныдзинадыл.
Инал йæ размæ æвæры ног нысантæ, æмæ нæ уырны, йæ къухы кæй бафтдзысты æмæ сфæлдыстады ног бæрзæндтæм кæй схиздзæн, уый.