Ивгъуыд сабат æмæ хуыцаубоны Уæрæсейы фыццаг къорды футболон чемпионаты командæтæ акодтой 17-æм туры хъæзтытæ.
Дзæуджыхъæуы «Алани» уазæгуаты Мæскуыйы фембæлд «Торпедо»-имæ.
Мæскуыйы «Торпедо»-йæн йæ нысан у иннæ аз уæлдæр къорды чемпионаты хъазын, æмæ уый равдыста «Алани»-имæ фембæлды дæр. Мæскуыйæгтæ хъазты тæккæ райдайæны атындзыдтой размæ æмæ алайнæгты нылхъывтой сæ иварон фæзмæ хæс-
тæг. Дзæуджыхъæуккæгтæ къæрцхъусæй хъахъхъæдтой сæ дуармæ бацæуæнтæ æмæ куыдфæстæмæ сæхæдæг дæр архайдтой размæ абырсынæн амæлттæ саразыныл.
Алайнæгтæ хъазты цыд рараст кæнынмæ бæргæ хæстæг уыдысты, фæлæ 22-æм минутыл иу хъазæг къаддæрæй аззадысты. «Торпедо» æвиппайды ныббырст ацарæзта æмæ, сæ хъазæджы уромгæйæ, Плиты Константины архайд тæрхонгæнæг банымадта æгæр дæрзæгыл, фæивар æй кодта сырх къамæй, æмæ фæзæй æрвыст æрцыд. Ахæм тыхджын ныхмæлæууæгимæ 70 минуты иу хъазæг къаддæрæй баззайын цыфæнды командæйæн дæр æнцон нæу. Ноджы ма, тæрхонгæнæг цы иварон цæфы бар ратта, 17 метры дæрддзæфæй, уымæй диссаджы хорз спайда кодта «Торпедо»-йы размæбырсæг Боян Роганович. Йæ цæф рауад тынг рæсугъд æмæ пурти, «Алани»-йы дуары разхъæдыл ауайгæйæ, хызыл сæмбæлд. «Торпедо» размæ рацыд 1:0 хыгъдæй.
Хъазты дыккаг хайы дæр алайнæгтæ бæргæ нæ ауæрстой сæ хъарутыл, фæлæ фысымтæ сæ уавæрæй спайда кодтой, æмæ ма сын бантыст уазджыты дуары дыууæ пуртийы бакъуырын. 62-æм минутыл хыгъд 2:0 скодта Виктор Каледин, 86-æм минутыл та æртыккаг гол бакæнын бантыст Ростислав Червяковæн. «Торпедо» фæуæлахиз 3:0 хыгъдæй æмæ чемпионаты таблицæйы дарддæр дæр цæуы 1-аг бынаты.
Хъазты фæстæ пресс-конференцийы ФК «Алани»-йы сæйраг тренер Гогниты Спартак загъта: «Мах зыдтам, чемпионаты разæй цæуæг командæтимæ хъазгæйæ, тæрхонгæнджытæ сæ ныхмæлæуджытæм дæрзæгдæр кæй вæййынц, уый, æмæ æцæг дæр афтæ рауад. Плиты Константин цы рæдыд æруагъта, уый, «Торпедо»-йы хъазæг куы уыдаид, уæд ын тæрхонгæнæг, æнæмæнг, равдыстаид бур къам, æмæ фæзы баззадаид хъазгæйæ. Хъыгагæн, нæ футболисттæ цалдæрæй рынчын уыдысты æмæ сæ хуыздæр уавæры нæма сты. Нæ лæппуты æз азым нæ кæнын. Уыдон се ’ппæт хъарутæй дæр, суанг кæронмæ тырныдтой хыгъд сæмхуызон кæнынмæ, фæлæ уый бæрц рæстæг, иу хъазæг къаддæр уæвгæйæ, ахæм ныхмæлæууæгыл фæуæлахиз уæвын тынг зын у. Махæн нæ иннæ цыппар фембæлды дæр уыдзысты, чемпионаты уæлдæр бынæтты чи цæуы, уыцы командæтимæ, æмæ архайдзыстæм не ’ппæт тыхтæй дæр фæуæлахиз уæвыныл».
Ацы фæхæрды фæстæ «Алани» æрхызт 17-æм бынатмæ.
17-æм туры фембæлдтытæ ахицæн сты ахæм хыгъдтимæ: «Сокол» – «Арсенал» – 1:0, «Енисей» – «Ротор» – 2:0, «Уфа» – «КамАЗ» – 2:1, «Сочи» – «Нефтехимик» – 3:2, «Черноморец» – «Шинник» – 0:1, «Чайка» – «Тюмень» – 3:0, «Торпедо» – «Алани» – 3:0, «Урал» – «Родина» – 0:0.
Баскаты Уырызмæг














