Ивгъуыд сабат æмæ хуыцаубоны Уæрæсейы Фыццаг къорды футболон чемпионаты хъазæг командæтæ акодтой 20-æм туры фембæлдтытæ.
Дзæуджыхъæуы ФК «Алани» 23 ноябры фембæлд Екатеринбурджы командæ «Урал»-имæ. Фембæлд цыди Грознайы, Султан Билимхановы номыл стадионы, кæцыйы алайнæгтæ нымад уыдысты фысымтыл.
Алайнæгтæ фæзмæ æрмæстдæр рамбулыны зондæй кæй рацыдысты, уый æвдыстой хъазты райда-йæнæй кæронмæ. Кæд сæ ныхмæлæууæг командæ чемпионаты æртыккаг бынаты цæуæг у, уæддæр дзæу-джыхъæуккæгтæ размæ бырстой æнæрлæугæйæ. Бæргæ сарæзтой къорд тæссаг уавæры уазджыты бацæуæнтæм хæстæг, фæлæ та сын нал æмæ нал æнтыст рæстдзæвин фæуын æмæ пурти «Урал»-ы дуары бакъуырын.
Хъазты 9-æм минутыл алайнæгтæ размæ куы атындзыдтой, уæд урайлæгтæ фæцарæхстысты пурти ракъуырын æмæ æвиппайды ныббырст ацаразын, фысымты иварон фæзмæ баирвæзынæн. Сæ ныббырст фæрæстмæ, æмæ «Урал»-ы размæбырсæг Михаил Секулич пурти «Алани»-йы дуаргæс Ростислав Солдатенкойы фæрсты дуары фæмидæг кодта.
«Урал» размæ рацыд 1:0 хыгъдæй, фæлæ, алайнæгтæ размæ кæй тындзыдтой, уый ныфс лæвæрдта, фæхæрд уæвын кæй нæ бакомдзысты, уымæй. Бирæ хæттыты уыдысты хæстæг хыгъд аивынмæ, фæлæ та сын амæйразмæ-йау, суанг хъазты кæронмæ дæр нал бантыст сæ ныхмæлæуджыты дуары пурти бакъуырын. Хъазт ахицæн «Урал»-ы пайдайæн 1:0 хыгъдæй.
ФК «Алани» йæ ацы азы фæстаг фембæлд 30 ноябры акæндзæн уазæгуаты Калининграды «Балтика»-имæ.














