Зæрдиаг лæвар – сабитæн

0
225

Республикæйы кæстæр фæлтæры минæвæрттæн ахсджиаг лæвар ракодта æрыгон фыссæг Калманты Этери. «Нанайы чызг Зæринкæ» – афтæ хуыйны чиныг. Æрмæст æй дæ къухмæ куы райсай, уæддæр дзы адæймаджы зæрдæ барухс вæййы – хорз гæххæттыл уагъд, æнцон кæсæн æвзагæй фыст, аив фæлгонцгонд, уыцы хъуыддаджы та авторæн баххуыс кодтой, растдæр зæгъгæйæ та йын зæрдиагæй балæггад кодтой æрыгон нывгæнджытæ – Таболты Зæринæ, Гусаты Камиллæ æмæ Гадзиты Миленæ.

Уæдæ, цымæ чи у, ахæм лæвар чи ракодта Ирыстоны сывæллæттæн, уыцы æрыгон сылгоймаг? Калманты Сталбеджы чызг Этери райгуырд Дзæуджыхъæуы 1983 азы. Фынддæс азы йыл куы цыд, уæд бинонтæ Сталбеджы райгуырæн хъæу Ольгинскæйы æрцардысты. Ам чызг уыдис скъолайы активондæр ахуырдзауты ‘хсæн – архайдта аивадон къорды, сценæ-йыл хъазынмæ дæр тынг хорз арæхст, æмæ уымæ гæсгæ диссаг нæу, йæ ахуыр ЦИПУ-йы аивæдты факультеты кæй адарддæр кодта, уый. Ахуыры азты дæр æнцой нæ зыдта, тæлмац кодта пьесæтæ ирон æвзагмæ, фыста нывæцæнтæ, кодта æндæр сфæлдыстадон куыстытæ.

Беслæны Сывæллæтты уæлæмхасæн ахуырады центры кусын куы райдыдта, уæд Этери æрвыст æрцыд Ольгинскæйы скъоламæ театралон къорды разамонæгæй. Ам, йæ хъарутыл нæ ауæрдгæйæ, дысфæлдæхтæй бавнæлдта æмæ ахуырдзаутимæ æвæрдта сценкæтæ æмæ алыхуызон спектакльтæ, йæ хъомылгæнинæгтæ архайдтой районы æмæ республикон конкурс-ты æмæ-иу алы хатт дæр уыдысты фыццæгтимæ. Иронау сывæллæттæн бирæ уацмыстæ фыст кæй нæй, уый Этери бамбæрста, йæ куысты-иу æй уырыссаг æвзагæй тæлмац кæнын куы бахъуыд хъæугæ æрмæг, уæд. Æмæ йæм сæвзæрд уыцы уавæр фендæр-хуызон кæнынмæ йæхи æвæрæн бахæссын. Райдыдта чысыл радзырдтæ фыссын, рацыдысты йын газет «Слово»-йы, фæстæдæр сæ мыхуыр кодта журнал «Мах дуг» дæр.

Уæдæ цæуыл фыст у ацы чиныг? Фыст у сабидугыл, 80-æм азты цардыл. Йæ сæйраг хъайтар – гыццыл чызг Зæринкæ бирæ уарзы хъæууон цард, йæ ныййарджыты, йæ баба æмæ нанайы, йе ‘мбæлтты, цæрæгойты, æрдз. Цымыдисæй йæ бакæсдзысты æрмæст сабитæ нæ, фæлæ сæ ныййарджытæ дæр, уымæн æмæ нæ алчидæр кæддæр уыди сывæллон, æмæ та нæхи банкъардзыстæм, Калманты Этери цы цаутыл дзуры, уыдоны архайджытæй.

Тынг æхсызгон лæвар ракодта Этери Ирыстоны рæзгæ фæлтæрæн, æмæ йын сабитæ, ныййарджытæ, чиныгкæсджытæ, æнæдызæрдыг, стыр аргъ скæндзысты. Калманты чызгæн та нæ зæрдæ зæгъы – сæдæйы фыццаг дын фæуæд, ног æнтыстдзинæдтæм дæм æнхъæлмæ кæсæм!

ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here