Аслам у, фæлæ йæ ссарæн нæй..

0
37

Уæрæсейаг хосты базарадæй кæд æппын нæ фесæфт, уæддæр йæ ссарын æмæ балхæнын фæстаг рæстæг фæзын, суанг Интернеты афтекты хызы дæр. Рæстæггай кæм фæзыны, уым та – дзæвгар фылдæр аргъыл.  

Ныхас цæуы, аслам цы хос у, ууыл – физиологон таддагыл (физраствор). Цæхджын донæй дарддæр ницы у, фæлæ хостæй бирæты рынчыны дадзинты æнæ уымæй нæй ауадзæн. Цæмæн сæвзæрд ахæм уавæр æмæ, сæйрагдæр, цы цæуы арæзт, уый фæдыл зонгæ кæнæм нæ газеткæсджыты.

Ацы хуымæтæг æмæ аслам, фæлæ рынчынтæ дзæбæх кæныны хъуыддаджы æнæмæнгхъæугæ хосы рауагъд 40-50 проценты кæй фæкъаддæр кодтой фармкомпанитæ, уый ацы уалдзæджы райдайæны бафтыдта сæгъæсы дохтыртæ æмæ афтекты хицæутты. Йæ хиаргъ зынаргъ у, уæй та йæ асламæй кæнынц, уымæ гæсгæ компани састы бынаты зайы. Æнæ ацы хосæй та медицинæйы къабазæн кусæн нæй. Уавæры фæдыл дзæнгæрджытæ канд регионты медицинон кусджытæ, уыимæ – ирыстойнæгтæ дæр нæ цагътой, фæлæ суанг егъаудæр рынчындæтты дохтыртæ дæр. Уавæр бæлвырддæр базонын афæлтæрдтам республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрады фармацевтон хайады кусджытæй, фæлæ нæ фæлтæрæнтæ дзæгъæлы уыдысты – «къуырма дзæнгæрджытæн» дзуапп ничи ратта. Нæ уацхæссæг ныхас кодта республикæйы егъаудæр хостæ ифтонггæнæг акционерон æхсæнад «Фармация»-йы генералон директор Хъодзасты Валентинæимæ:

– Райхалинаг фарстатæ ис Уæрæсейы хостæ уадзæг компанитæм. Бафыст бадзырдты амынд хосты бæрцуат æххæстæй нæ исæм, бæлвырддæр зæгъгæйæ та – æрмæст се ‘мбис. Физиологон таддаг ныр райстам, фæлæ – къаддæр. 200 æмæ 400 миллилитры цы бæрцуæтты ис, уыдонæн, сæ аргъыл нæ бафтыд, афтæмæй. Нæ афтекты хызы сæ ис балхæнæн, – загъта æхсæнады генералон директор.

Ацы æмæ иннæ донхостæ кæнæн ис бынæттон афтекты. Фæлæ, хъыгагæн, уыцы куыст нæ республикæйы кæнынц æрмæст Дзæуджыхъæуы дыууæйы, кæд æмæ сæ раздæр алы рынчындоны цур афтечы дæр ногæй-ногмæ уагътой, уæддæр. Нæхимæ уыцы бæрнондзинад нæ исæм, фæлæ, чи зоны, фарстайыл бакусын æмæ йе сног кæнын æвзæр нæ уаид сæвзæрд уавæры.

 

 ХУЫБИАТЫ Ларисæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here