Монголийы сæйраг горæт Улан-Баторы цыртдзæвæн байгом кодтой æфсады инæлар ПЛИТЫ Иссæйæн. Уыимæ, Плийы-фыртæн уый ныр у дыккаг цыртдзæвæн монгойлаг зæххыл.
Уый тыххæй фехъусын кодта Уæрæсейы Федерацийæн Монголийы сæйраг горæты цы Минæварад ис, уый пресс-службæ.
Зындгонд куыд у, афтæмæй таурæгъон инæлары фыццаг бюст Улан-Баторы кадджын уавæры байгом 2017 азы ноябры, Советон æфсæддонты номыл уым цы стыр мемориал ис, уый фæзуаты.
Ныр та Иссæйы цыртдзæвæн фæзынд, йæ номыл горæты цы скъола ис, уый кæрты. Уыцы номарæн мадзал сарæзтой, 1939 азы цæугæдон Халхин-Голмæ ’ввахс цы карз тох æрцыд æмæ советон-монгойлаг иумæйаг тыхтæ япойнаг милитаристтыл куы фæуæлахиз сты, уыцы цауты 85 азы кадæн. Уыцы ахсджиаг историон цауы кадæн ацы бонты бирæ дзыллон мадзæлттæ арæзт цæуы дыууæ бæстæйы дæр. Зæгъæм, Улан-Баторы скодтой стыр æфсæддон парад…
«Абон Плиты Иссæйæн ног цыртдзæвæн кæй гом кæнæм, уыцы цау ма иу ирд æвдисæн у, мах, монгойлæгтæ, рох кæй нæ кæнæм, знаджы ныхмæ тохы нæ фарсмæ чи æрбалæууыд æмæ удуæлдайæ чи хæцыд, нæ бæстæйы сæрибардзинады сæраппонд йæ цард чи радта, уыцы хъæбатырты рухс нæмттæ, уымæн. Æппæт фадæттæй архайдзыстæм, цæмæй уыцы хæстон æфсымæрдзинады дæнцæгтæ нæ кæстæртæ дæр зоной», – кадджын æмбырды йæ раныхасы бафиппайдта Монголийы Гæрзифтонг тыхты Генералон штабы хицауы хæдивæг, инæлар Балжидийн Баатар.
Уæрæсейы Æххæстбарджын минæвар Монголийы Алексей Евсиков арфæ ракодта, Иссæйы ног бюст саразын æмæ сæвæрыны хъуыддагмæ бар чи дардта, æппæт уыцы адæмæн – зындгонд скульптор Дзбойты Арсенæн, Дзанайты Азанбеджы номыл Культурæйы фонды президент Дзанайты Зауырæн, Улан-Баторы администрацийы бæрнон кусджытæн, Монголийы Хъахъхъæнынады министрад æмæ дыууæ бæстæйы æхсæнадон организациты минæвæрттæн.
Зæгъын хъæуы, Плиты Иссæ 1936 азы йæ службæ Монголийы кæй адарддæр кодта, уый тыххæй дæр. Уæд нысангонд æрцыд Улан-Баторы æфсæддон училищæйы штабы инструктор æмæ уынаффæгæнæгæй. Япойнаг милитаристты Квантуйнаг æфсад ныддæрæн кæныны хъуыддагмæ стыр бавæрæны тыххæй Плийы-фыртæн 1971 азы лæвæрд æрцыд Монголийы Хъæбатыры ном…
СЛАНТЫ Аслан














