Нузалы аргъуан æмæ Ирландийы Галларус

0
216

Фыццаг бакастæй фæрæдийын æмбæлы. Нæ, Алагиры районы Нузалы аргъуан нæу. Уый, æппæт дунейы хъуыстгонд чи у, Нузалæй цæгат-ныгуылæны ‘рдæм, æмраст фæндагыл цæугæйæ, 4200 километры дарддæр – уыцы астæузаманы кувæндон Галларус Ирландийы, графство Керри æрдæгсакъадах Динглы хуссар-ныгуылæн атлантикон былгæрон.

Кельтты культурæйы згъæлæнтæ ма кæм баззадысты, цы адæм дзы цæры, уыдоны 67 проценты ма сæхи мидæг дзургæйæ, гаэлаг æвзагæй кæм пайда кæнынц, ахæм хæххон, дæрддзæф бынат. Ацы бынæтты ма фенæн ис ромайнаг стилы агъоммæйы архитектурон цыртдзæвæнтæ.

Галларуссаг кувæндон у æрдæгсакъадах Динглы æппæты зындгонддæр культурон бынты объекттæй иу. Къорд фæлтæры царды ацы бæстыхай хуыдтой, «ныры дугмæ чи ‘рхæццæ, Ирландийы уыцы зæронддæр аргъуан», стæй ма «Ирландийы æппæты зæронддæр агъуыстытæй æнæхæлдæй чи баззад, уый».

Туристон маршрутты цыртдзæвæн бæрæггонд у, куыд «Оратория Галларус». Оратори – латинаг Oratorium-кувæндон, лат. Оrо – дзурын, курын. Ирландийаг æвзагæй «Галларус» – «æндæрбæстæгты бынаты аргъуан», æмæ йæ бамбарæн дæр ис, фæндæгтæ ацы бынæтты наулæууæнмæ кæй цæуынц, уымæ гæсгæ.

Фыццагдæр советон зонады ацы цыртдзæвæны тыххæй ныффыста Е.А.Мельникова йæ куыст «Меч и лира. Англосаксонское общество в истории и эпосе». М.,1987 азы. Уæхи зæрдæ – уе ‘вдисæн, кувæндон йæ архитектурæмæ гæсгæ Нузалы аргъуаны халдих у.

Цыртдзæвæнтæ наукæ раргом кодта, зæгъын æмбæлы, уыцы-иу рæстæг.
Гуырдзиаг географ паддзахы фырт Вахушти Нузалы аргъуаны тыххæй фыста 1745 азы. Галларусы оратори (кувæндон) та сбæрæг кодта Чарльз Смит 1756 азы, куыд рагон чырыстон аргъуан. 1970 азы археолог Питер Харбисон та йæ рахуыдта XII æнусы ромайнаг аргъуан (чысыл археологон иртасæнты фæрцы ницавæр артефакт-
тæ ссардта, бæстыхай кæд, стæй цæй тыххæй арæзт æрцыд, куыд дзы пайда кодтой, уый тыххæй). 1994 азы иртасæг йæ цæстæнгас аивта, XII æнусы аргъуан у, зæгъгæ, уый тыххæй, ныр та афтæ æнхъæл уыд, уый фæндаггон-пилигримты аздон (приют) кæй уыд. Абоны онг дæр иу хъуыдымæ нæма ‘рцыдысты иртасджытæ, кæд арæзт уыди, цæмæн, фæлæ сæ фылдæр æмвæнд сты, чырыстон кувæндон кæй у, уый тыххæй. Цыртдзæвæн лæууы, пилигримтæ уаз бынæттæ æмæ моладзандонтæм цы историон фæндагыл цыдысты, уымæ ‘ввахс.

Кувæндоны æддаг бакаст, архитектурæ æмæ йæ конды хицæндзинæдтæ (мæнг æрдынцар), ныгуылæны ‘рдыгæй разуынды дуары бахизæн, чысыл рудзынг – скæсæны ‘рдыгæй, амады техникæ æмæ бирæ æндæртæ тынг æмхуызон сты Нузалы цыртдзæвæнимæ.

Дызæрдыггаг нæу, ис сæм хицæндзинæдтæ дæр – Нузалы аргъуаны ма ис дыууæ рудзынджы, карниз, агъуысты мидæг, фрескæтæй декорацитæ… Галларусы кувæндоны тыххæй фыццаг иртасæнты амынд уыди, йæ къултæ æнæ таддагæй (раствор) амад кæй сты. Фæстæдæр сбæрæг кодтой, тыхджын атлантикон дымгæты аххосæй таддаг кæй ныппырх.

Наукон иртасæнтæ æнæкæрон сты. Æппæт уыдæттæ хынцгæйæ, сæвзæры хъуыдытæ объектты иухуызондзинады тыххæй, ома, уыцы-иу рæстæг кæй равзæрдысты, культурон код, архитектурон-арæзтадон техникæтæ æмарæн фæзуæтты, иухуызон арæзтадон æрмæджытæ, тызмæг, карз æрдзон уавæртæ… Цæмæй иртасæнтæ дарддæр арæзт цæуой, уый тыххæй цыртдзæвæнты цард адарддæр кæнын хъæуы æнусты.

Галларусы кувæндон нæм æрхæццæ, зæгъæн ис, æнæхъæнæй, æрмæст цæгаты ‘рдыгæй йæ цар бынмæ æрбырыд, æмæ йæ рацарæзты куыстыты рæстæг йæ фыццаг уагыл скодтой. Йæ фалдзустæм ын базылдысты, æмæ агъуысты архитектурæ ирдæй разынд, цыртдзæвæн йæ хуыз скалдта.

Нузалы аргъуан, махмæ гæсгæ, тæссагдæр уавæры ис. Уымæн æмæ тæккæ фæндаггæрон ис, æнцон бацæуæн æм у. Аргъуаны уд сты XIV æнусы фыццаг цыппæрæмхайы уникалон, æмбал кæмæн нæй, уыцы фрескæтæ. Æппæт дунейы раз Нузалы табугæнинаг цыртдзæвæн бахъахъхъæныны тыххæй дзуапдæттæг  та мах стæм.

Æрмæг бацæттæ кодта
ГАПБАТЫ Алетæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here