Фыдæлтæй ахæм æмбисонд баззад: «Цы кæрц цæгъдай, уый хъуынджындæр кæны». Æгъдауыл дзурæм, фыссæм, равдыстытæ аразæм, фæлæ йæ мидис цыма тар хъæды адзæ-гъæл, афтæ «æнæхицау» дзырд ссис. Иуæй-иу хистæртæм байхъус, уæд «æгъдау», «æгъдау» кæнынц. Фæлæ, цæмæй уыцы бæллиццаг дзырд æхсæнады æрцæра, уый тыххæй бирæ архайын хъæуы. Фыццаджыдæр, æгъдауæн дæр, мадæлон æвзаджы хуызæн, йæ хъысмæт бинонты астæу ис, уырдыгæй цæуы йæ фæндаг æхсæнадмæ. Æгъдауæвæрæг та бинонты хистæр у. Уый карз домæнтæ куы нæ сæвæра хæдзары, уæд, тыгъд быдыры бæхæн йæ рохтæ куыд феуæгъд вæййынц, афтæ – бинонтæн дæр. Алчидæр хицæнæй йæхи фæндтæ нывæнды.
Æрæджы канд нæ республикæйы нæ, фæлæ æппæт Уæрæсейыл дæр айхъуыст худинаджы хабар. Дзæуджыхъæуы районтæй иуы фæзынд чызджыты бандæйы къорд. Уыдон фыднад фæкодтой се ‘мгары. 14-15 аздзыдтæ нæ ахъуыды кодтой, сæ ныййарджыты цæсгом кæй фæчъизи кодтой, Ирыс-тоны кад та сæ къæхты бын кæй ныккодтой, ууыл. Цæрынæй-хæрынмæ нæ фыдæлтæ цы æгъдау рахастой сылгоймаджы фарн хъахъхъæныны тыххæй, уый рæстæджы цыдимæ сæфы. Нырыккон æхсæнады нæм фæзындысты, фæсфурдæй æрбафтæг æмæ, фæсивæды зондахастыл æвзæрæрдæм чи ахады, ахæм митæ. Худæгæй та ныл мæлынц нæ сыхæгтæ, уыдон, дам, æнæрвæссон ирæттæ сты. Хъуыддаг бахæццæ суанг Уæрæсейы Слестгæнæн комитеты сæрдар Александр Бастрыкинмæ. Уый æвæстиатæй бавнæлдта хъуыддаджы æууæлтæ равзарынмæ.
Ирон намыс, ирон æгъдау æмæ кад зæрдæйæ чи æнкъары, уымæ хъæддаг фæкæсдзæн рæзгæ чызджыты ми. Видеоæрмæг апарахат Ирыстоныл, дарддæр та – Интернеты тыгъдады. Æвзæр, чъизидæр ма ныууадз, ахæм æвзагыл дзургæйæ, чызджытæ зæххыл афæлдæхтой иннæ чызджы æмæ йын йæ сæр тымбылкъухæй хойыныл балæууыдысты. Лæппутæ та сæм, иуварсæй кæсгæйæ, худæгæй мардысты. Цы у æгъдау ахæм æрыгæттæн? Се стырдæр мæт – æрвылбон ахуыры фæстæ кафеты бадын æмæ Интернеты алыхуызон социалон хызты мæнг хабæрттæ фыссын. Пъæлицæйы хайады сæ фыдгæнджыты номхыгъды бафыстой. Цы ма уа ирон ныййарджытæн уымæй æгаддæр: комы-комдзæгтæй хъæбул фæхæс æмæ дын дæ фыдæбæттæн аргъ ма скæнæд… Цæуыл тухæн кодтой уыцы мад æмæ фыд?
Æрхъуыды ма кæнæм, æрæджы дæр ма нæ нанаты æвджид куы уыдыс-тæм, уыцы хъомылад. Саби хæдзары хъуыста мадæлон æвзаджы мыртæ, уыдта бинонты уæздандзинад, фыдæлты фарн æмæ æгъдау, патриотизм æмæ бирæ фæзминаг миниуджытæ. Чи нæ уарзта изæрыгæтты йæ бабайы аргъæуттæ æмæ таурæгътæм байхъусын? Чызджытæн та сæ нанатæ амыдтой хыссæйæ ногбоны дедатæ кæнын, æлвисын æмæ къуымбилæй фæсмын цъындатæ бийын. Цы фесты уыцы традицитæ? Скъолаты дæр куы ис ирон æгъдæутты уроктæ, хорз цы у æмæ æвзæр, уый равзарынæн дæр бирæ куы нæ хъæуы, уæд.
Æрæджы Интернеты федтон иу цымыдисаг цау. Гыццыл лæппу уынгæй æрбахаста гæдыйы лæппын æмæ йæ фыдæй цæссыгкалгæ куырдта, цæмæй йын æй ныууадза. Фыд нæ разы кодта, цæрæгоймæ кæсын хъæуы, хъазæн нæу, зæгъгæ. Уæд ын сывæллон загъта: «Тæри-гъæд у, къæвдайы бахауд, фæцæймардис. Æмæ йæ æз фервæзын кодтон». Фыд йæ мидбылты бахудт æмæ ницыуал сдзырдта. Гыццыл лæппуйы зæрдæйы хæлардзинады туг кæлы, æмæ ныр дæр бæрæг у, хорз адæймаг дзы рауай-дзæн, уый.
Æгъдау нæ царды мидис у. Чындзæхсæвтæ ресторанты кæнын куы райдыдтой, уæд нæм диссаг каст. Ныр та ма дзы зианы кæндтæ дæр райдыдтам кæнын. «Бирæуæладзыгон хæдзары ахæм фадæттæ нæй, æмæ цы гæнæн ис?» – фæзæгъынц бирæтæ. Советон заман куыд кодтой бирæуæладзыгон хæдзæртты сæ хабæрттæ? Тынг дзæбæх-иу фæндзæм уæладзыгмæ асинтыл чындзы схуыдтой. Уазджытæ та бадтысты агъуыстыты æмæ кæрты «хæдзары».
Иу бон диссаг федтон чындзæхсæвы. Сиахс-иу йæ усы мады, йемæ вальс кафгæйæ, афтæ ныззылдта, æмæ-иу чидæртæ фесхъиудтой, ныртæккæ сылгоймаг айдæны хуызæн плиткæйыл фæбыр-дзæн æмæ йæ цонг кæнæ йæ къах асæтдзæн. Кæд уыдис ахæм æгъдау нæ фыдæлтæм, кæмæй йæ райстам?
Хъуыды кæнын: чысылæй нæ сыхæгтæм чызг-æрвыст уыд. Чындзы куы ахастой, уæд сыхы фæсивæд æмæ сылгоймæгтæ æнхъæлмæ кастысты сиахсы æрбацыдмæ. Аивæй та-иу ракастысты, чи – уынгмæ, чи – кæртмæ, нæма фæзынд, зæгъгæ. Уалынмæ кæртмæ æрбахызт æрыгон нæлгоймæгты къорд, æмæ фысымтæ кæрæдзи рафæрс-бафæрс кодтой, ома, кæцы у сиахс. Уый та йе ‘мбæлтты астæу ныгъуылдтытæгæнгæ цыдис, йæ къухты – къафеттæ, афтæмæй. Сиахсы къафеттæ куыд кадджын уыдысты, кæнæ йæ нуазæнтæ, уæлдайдæр чызджы мадæн, уый бирæтæ æрхъуыды кæндзысты. Чызджы мад-иу уæзданæй, æфсæрмытæгæнгæ райста сиахсы нуазæн, æмæ дыууæйæ дæр кæрæдзимæ комкоммæ бакæсын нæ уæндыдысты, ныр та? Абоны хуызæн мæ цæстытыл ауайы уыцы цау. Хъыгагæн, цы сиахсы кой ракодтон, уый йæ цардæй цалдæр азы размæ ахицæн, тынг хорз æгъдауджын кæстæртæ йын баззад, сыхы æмæ хъæубæсты мидæг – нымад.
Адæймаг кæд ныфсæй цæры, уæддæр æууæнды амондджын фидæныл. Уыцы фидæн нæхæдæг аразæм нæ хъуыддæгтæй, нæ митæй. Уæлдæр цы фыдгæнæг чызджыты къорды кой ракодтон, уыдонимæ Мидхъуыддæгты оргæнтæ æрдзырдтой, фæлæ дзы цы рауайдзæн, уый та рæстæг æвдис-дзæн.
Саутæты Тамилæ














