Нæ уацхъуыды хъайтар Дзуццаты Дзамболаты канд Ирыстоны нæ, фæлæ æппæт Уæрæсейы дæр базыдтой, аивадон киноныв «Авд сау гæххæтты»-йы æрыгон постхæссæг Иласы ролы куы ахъазыд, уæд.
Ацы аз уæрæсейаг аивадуарзджытæ федтой национ кинематографийы ног цæвиттойнаг куыст – Колыты Анатолийы киноныв «Авд сау гæххæтты». Ирыстоны алы цæрæг дæр æнхъæлмæ каст йæ рацыдмæ, фыццаджыдæр, ирон æвзагыл ист кæй æрцыд, æвæццæгæн, уымæн. Иннæмæй, дисса-джы æнахуыр, хæрзхъæд кæй рауад, курдиатджын актерты къорд дзы кæй ахъазыд, уымæй. Сæ иутæ хъуыстгонд æмæ адæмæн уарзон сты, сæ кой сын арæх фехъусæм, иннæты та фыццаг хатт федтам. Се ‘хсæн ис æрыгон лæппу, постхæссæг Иласы ролы чи ахъазыд, уый – Дзуццаты Дзамболат.
Дзамболат схъомыл Дæргъæвсы комы, Ламардоны хъæуы алæмæты рæсугъд æрдзы хъæбысы, астæуккаг скъола дæр уым фæцис каст.
– Мæ уарзон Дæргъæвсы комæй бирæ зындгонд адæймæгтæ рацыдис, се ‘хсæн – Берозты Темырболат, Дауыраты Илитæ, Токаты Асæх æмæ Алихан. Мæ царды стыр бынат ахсы мæ райгуырæн хъæу. Адæймаг цы уæлдæфыл сахуыр уа, æнæ уымæй йын зын вæййы цæрын. Афтæ дæн æз дæр, – зæгъы Дзамболат.
Ныр фылдæр горæты вæййы, ахуыр кæны Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ирон филологийы факультеты, фæлæ алы фæллад-уадзæн бон дæр йæ фæндаг райгуырæн хæхтæм акæны.
Ирон æвзагмæ уарзон-дзинад æм йæ гыццылæй фæстæмæ ис, æмæ, йæхи загъдау, адæймаг йæ хæдзарæй, йæ бинонтæй рахæссы мадæлон æвзагмæ уарзондзинад. Дзуццайы-фырты аив ныхасмæ хъусгæйæ, адæймаг æвиппайды бамбары, цæмæн равзæрста ацы кинонывы режиссер Дзамболаты, уый. Фæлæ, цæмæй хорз актер суай, уымæн æрмæст мадæлон æвзагыл аив дзурын фаг нæу, æрдзæй дæм курдиат куы нæ уа, уæд. Уыцы курдиаты тæваг æм кæй хæццæ кæны, уый Дзамболат скъолайы
ахуыр кæнгæйæ банкъардта. Уарзта ерысты архайын, тырныдта ролы ахъазынмæ, сценæмæ рацæуын æмæ спектаклы хъайтары сурæт равдисынмæ, цæмæй йыл кæсджытæ бау-уæндой æмæ йæ бауарзой. Дзамболат куыд дзуры, афтæмæй йын хъару æмæ ныфсдæттæг йæ бинонтæ уыдысты. Æмдзæвгæ-иу куы дзырдта, кæнæ сценæйы куы лæууыдис, уæд-иу æнæбафиппайгæ нæ фесты, уый йæ туджы кæй ис. Нæ фыдæлтæ-иу хуымæтæджы нæ загътой, чи цы агуры, уый ссары, зæгъгæ, æмæ Дзамболат дæр скъолайы гыццыл сценæйæ нырыккон ирон кинонывтæ исæн фæзмæ бахауд.
– Иу бон хæдзары куыд бадтæн, афтæ мæм ме ‘фсымæр дзуры: «Ног кино исынмæ хъавынц æмæ æрыгон актерты агурынц, ацу æмæ дæхи бафæлвар». Куыд фæзæгъынц, царды алцыдæр фæлваргæйæ рæзы, æмæ йыл æз дæр сразы дæн, ныф-фыстон видеоæрмæг æмæ сæм æй арвыстон. Стæй мæ фæхуыдтой æрæм-дзых фæлварæнтæм, уым дæр постхæссæг Иласы ролы ныхæстæ бакастæн. Цалдæр боны фæстæ та мæм фæсидтысты, ногæй та сын текст бакастæн. Иу мæй сæ ницыуал хъуыст, рох дæр мæ фæци, кæмдæр кастингы уыдтæн, уый. Мæйы фæстæ мæм кастингы директор дзуры: «Текст дын рарвитдзынæн, бакæс æй æмæ ‘рцу фæлварæнмæ». Æз уыцы текст иу бонмæ сахуыр кодтон, æрцыдтæн, лæппутимæ уыцы иу скъуыддзаг ахъазыдыстæм, æмæ афтæмæй бахаудтæн киноисæн фæзмæ.
Фыццаг бакастæй тынг æнцон у. Цалдæр хатты сæм бацыди æмæ йын роль радтой, фæлæ, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты рæстæджы постхæсджытæ цы уæззау куыст кодтой, хæсты быдыры чи фæмард, уыдоны бинонтæн «сау гæххæттытæ» хæсгæйæ, уый чи зоны, уый афтæ нæ хъуыды кæн-дзæн. Уымæн æмæ ахæм бæрнон роль æххæст кæнын тынг зын у, уæлдайдæр, фыццаг хатт чи
лæууы камерæты раз, ахæм адæймагæн. Дзамболат дæр бирæ фæагуырдта йæ хъайтары фæлгонц æххæстæй равдисыны мадзæлттæ, бакастис, киноныв кæй уацмысы бындурыл систой, уый. У Булкъаты Михалы радзырд, æмæ йæ уды баззадысты йæ ныхæстæ: «…плач женщин напоминал вой волков», «сау гæххæтт» сæм-иу куы балæвæрдтой, уæд. Дзамболат дæр бамбæрста, йæ хъайтары кæй нæ фæндыдис уыцы сау гæххæттытæ хæссын, фæлæ йын æндæр гæнæн дæр нæ уыд.
– Режиссер мын афтæ загъта: «Дæ персонаж мæгуыр æххормаг лæппу у, зын цард фæкодта, кусы капеччытыл, бахæрыны фаг». Æмæ æз дæр мæ персонажы мæ уды мидæг куы агуырдтон, уæд мæм ахæм хъуыды фæзынд: æвæццæгæн, си-дзæр у, нæдæр ын мад ис, нæдæр – фыд. Уыцы хъуыдыйы ‘руаджы хуыздæр бамбæрстон, куыд хъуамæ ахъазыдаин постхæссæг Иласы роль, – дзуры Дзамболат.
Киноныв истой æгас Ирыстоны, бæлвырддæр та – Къæмынты æмæ Дымты хъæуты. Уыцы рæстæ-джы, кæй зæгъын æй хъæуы, алцыдæр æнцон нæ вæййы. Дзамболат куыд дзуры, афтæмæй уыдис зындзинæдтæ дæр: мит æруарыдис, æрдз сæ
къуылымпы кодта, кинонывы та сæрды афон хъуамæ уыдаид. Фæлæ актертæ æмæ æппæт къорды дæсныдзинады фæрцы хъуыддаг фæрæстмæ, сæ удтæй арт цагътой, æхсæвыгæтты дæр фынæй нал кодтой. Кинонывæн бæрзонд аргъ скодтой. Рамбылдта æппæтдунеон фестивальты гран-притæ Мæскуыйы. Турчы цæрæг ирæтты æхсæнад «Алан»-ы сæргълæууæг Хъуысаты Садреттин Дзамболат æмæ Абойты Зауырбе-джы схорзæхджын кодта æхсæнады культурæ æмæ хæрзаудæндзинады фонды майданæй, ирон æвзагыл кæй дзурынц, кинонывы хъазгæйæ, æмæ, йæ парахат кæныныл кæй архайынц, уый тыххæй.
Дзамболатимæ ныхас кодтам фæсивæды тыххæй дæр, сæрмагондæй, актер суæвын кæй фæнды, уыцы æрыгæттæ цы зындзинæдтыл æмбæлынц нæ республикæйы, ууыл. Куыд загъта, афтæмæй, фыццаджыдæр, фарста у ахуырад æмæ бюджетон бынæттимæ баст. Университеты аивæдты факультеты ахуыр кæнын кæй фæнды, уый хъуамæ 240 000 сомы фида алы аз дæр, æмæ уый бæрц æхца алкæмæ нæй. Цæмæй студенттæ паддзахады æххуысæй аивады сусæгдзинæдтæ базоной æмæ сæ курдиатджын актертæ рауайа, уый тыххæй дзы бюджетон бынæттæ нæй. Тынг æй фæнды, цæмæй йæ цахъхъæн фæсивæд райдайой иронау дзурын æмæ арæхдæр цæуой театрмæ. Уымæн æмæ, йæ хъуыдымæ гæсгæ, театр æмæ кино сты мадæлон æвзаг парахат кæныны фæрæзтæ.
Георги ЕЛИАУРИ,
ЦИПУ-йы филологон факультеты 1-æм курсы студент














