Сергей Меняйлойы брифинг

0
369

Базарадон центр «Алания Молл»-ы цы фыдбылыз æрцыд, уый фæстиуджытæ иуварс кæныныл, æнæнхъæлæджы цауы аххосæгты фæдыл рагагъоммæ хатдзæгтыл знон ныхас цыд Барадон фæтк хъахъхъæнæг координацион советы радон æмбырды. Фембæлды фæстæ Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей Меняйло сарæзта цыбыр брифинг.

Дзыллон информацийы фæрæзты минæвæртты фарстытæн дзуапп дæтгæйæ, республикæйы разамонæг сæйраг æргом аздæхта, фыдбылызы æу-
уæлтæ раиртасыны фæдыл ныронг цы архайд сарæзтæуыд, уымæ. Йæ ныхасмæ гæсгæ, Слестгæнæг комитеты минæвæрттимæ иумæ уыцы куыстмæ бавналдзысты УФ-йы Хъахъхъæнынады министрады минæвæрттæ дæр. «Слестгæнджытæ куыд зæгъынц, афтæмæй дызæрдыггаг нал у, срæмыгъды аххосаг æнæпилотон тæхæг аппарат кæй уыд, уый. Хъахъхъæнынады министрады минæвæрттæ куыд фæбæрæг кодтой, афтæмæй уæлдæфон хъахъхъæнынады фæрæзтæ цы ахæм аппарат æрæппæрстой, уый састæгтæ сæмбæлдысты базарадон центры агъуыстыл. Рагагъоммæ бæрæггæнæнтæм гæсгæ, аппаратыл фидаргонд уыд рæмудзæн æрмæг дæр», – загъта Сергей Меняйло.

Афтæмæй иуварсгонд æрцыд фыццаградон хатдзæг, ома, срæмыгъд æрцыд æрдзон газы аххосæй (коммуналон службæты хъусынгæнинагмæ гæсгæ, базарадон цент-
ры газы хæтæлтæ нæ цæуы).

Республикæйы Сæргълæууæг куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй слестгæнæг къорд йæ хатдзæгтæ скæндзæн, тæхæг аппарат йæ фæндаг кæцæй райдыдта, уый фæдыл дæр. «Уыимæ, хынцын хъæуы, райсомæй цы боныхъæд сæвзæрд, уый æууæлтæ дæр. Бæзджын мигъ кæй ныббадт, уый аххосæй тæхæг аппарат рагагъоммæ раиртасын къухы нæ бафтыд. Фæлæ  уæддæр уæлдæфон хъахъхъæнынады комплекс «Панцирь»-ы фæрцы тæхæг аппарат æрæппæрстой. Уыцы хабæрттæ нын фæстæдæр фæбæлвырд кодтой Хъахъхъæнынады министрады. Куыд зонут, афтæмæй æнæпилотон тæхæг аппаратты æрбабырст абон уыд Цæцæн æмæ Мæхъæлы дæр», – бафиппайдта Сергей
Меняйло.

Сланты Аслан

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here