Уæрæсейы Федерацийы Президенты Указмæ гæсгæ ацы аз у Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы аз, æмæ кæд афæдз нырма ныр райдыдта, уæддæр бирæ мадзæлттæ арæзт цæуы патриотон хъомылады темæйыл нæ республикæйы фæзуаты. Советон Цæдисы, ныр та Уæрæсейы цæрджытæ цы лæгдзинад равдыстой æмæ æвдисынц абон дæр, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайгæйæ, тохы быдыры, уыцы дæнцæгтыл хъуамæ хъомыл кæна рæзгæ фæлтæр.
Дзæуджыхъæуы администрацийы Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы аз байгом кæнын æмæ Уæлахизы 80 азы кадæн мадзалы архайдтой горæты муниципалон сконды сæрдар Милдзыхты Вячеслав, бынæттон депутаттæ, республикæйы ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ, сæрмагонд æфсæддон операцийы æмæ хæстон быцæуты архайджытæ, администрацийы кусджытæ, хуынд уазджытæ.
Уæрæсейы Федераци æмæ Цæгат Ирыстоны гимнтæ куы ныййазæлыдысты, уæд залы бадджытæ сыстадысты. Заргæ та сæ акодтой 45-æм гимназ «Арвæрдын» æмæ 30-æм скъолайы ахуырдзаутæ – иугонд хоры уæнгтæ. Хоримæ баиу сты уазджытæй бирæты хъæлæстæ.
Мидисджын рауад фембæлд. Ныхас дзы цыди, абон иугонд Ныгуылæн нын нæ бæстæйæн алы цæлхдуртæ куы аразы, знаджы цæстæй нæм кæй кæсы, уый куы нал æмбæхсынц æнæзонд политиктæ, уæд куыд ахсджиаг у æрыгон фæсивæды ‘хсæн патриотон хъомылады ахадындзинад, ууыл. Милдзыхты Вячеслав йæ раныхасы загъта, уыцы фарстамæ стыр æргом здæхт кæй цæудзæн горæты администрацийы ‘рдыгæй.
Дзæуджыхъæуы Плиты Иссæйы номыл 26-æм скъолайы ахæм куыст бæрзонд æмвæзадыл æвæрд у. Ам иудадзыг аразынц алыхуызон мадзæлттæ, скъоладзаутимæ арæх æмбæлынц сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ, æмбарын сын кæнынц, цæмæн райдыдта, цавæр нысантæ сæвæрдта æфсады размæ нæ бæстæйы Президент Владимир Путин, æмæ куыд æххæстгонд цæуынц абон.
Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы азы скъолайы байгом кодтой, Æнусон артæй кæй ссыгътой, уыцы арты хай ахуырадон уагдонæн раттынæй. Арты ахæм хæйттæ ацы азы кæронмæ лæвæрд æрцæудзысты республикæйы æппæт скъолатæн дæр. Ахуырдзаутимæ фембæлдмæ æрбацыдысты Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ – Афганистаны, Цæцæны хæсты æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ. Сывæллæттæ æрбахастой, Æнæмæлгæ полчъы – сæ хæстæджыты, мыггæгты минæвæрттæй Фыдыбæстæйы Стыр хæсты чи архайдта, тохы быдырæй чи нал сыздæхт, уыдоны хуызистытæ. Уазджытæ радзырдтой сæ хæстон фæлтæрддзинады тыххæй, Райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнын знагæй кадджын хæс кæй у, нæ кадджын фыдæлтæй лæгдзинад æмæ æхсарæй æппæт Уæрæсейы нæ, фæлæ ма фæсарæнты дæр хъуыстгонд чи уыд, уыдоныл хъуамæ кæй барæм нæхи.
Скъоладзаутæ дæр уазджыты зæрдæтæ барухс кодтой сæ аивадæй, радзырдтой патриотон тематикæйыл арфхъуыдыджын æмдзæвгæтæ, азарыдысты, дзырд раттой, фыдæлты кад дæлæмæ кæй не ‘руадздзысты, уый тыххæй.
ГАПБАТЫ Алетæ














