Таутиаты Солæманы ном – цæринаг!

0
201

Цæгат Ирыстоны Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры уыд номарæн изæр номдзыд актер, Цæгат Ирыстоны АССР-йы фыццаг адæмон артист, Ленины ордены кавалер, режиссер Таутиаты Солæманы райгуырды 115 азы кадæн. Йæ саразыныл зæрдиагæй бацархайдтой: Таутиаты мыггаг, республикæйы Культурæйы министрад, Тæбæхсæуты Балойы номыл Ирон академион театры разамынд æмæ сфæлдыстадон коллектив.

Зындгонд актеры ном æрымысынмæ Ирон театрмæ æрбацыдысты нæ
республикæйы зонадон, рухсадон интеллигенцийы минæвæрттæ, театралон архайджытæ, Æппæтдунеон æхсæнадон змæлд «Аланты ныхас»-ы разамынд æмæ уæнгтæ, Таутиаты мыггаг, Солæманы хиуæттæ æмæ хæстæджытæ, театрдзаутæ.

Ирон профессион театры бындур-æвæрджытæй иу Таутиаты Солæманы номыл йæ рæстæджы аив зарæг ныффыстой нæ республикæйы адæмон поэт Чеджемты Æхсар æмæ зындгонд композитор, нæ республикæйы аивæдты сгуыхт архайæг Моргуаты Юри. Ацы вокалон уацмысæй райдыдта номдзыд актеры мысæн изæр. Азарыд æй Паддзахадон филармонийы ирон адæмон зарæггæнджыты къорд, йæ аивадон разамонæг – нæ республикæйы адæмон артисткæ Дзанайты Ольгæ.

Ирон профессион театры сценæйы Таутиаты Солæман йæ æрдхæрæны сценикон курдиатæй театрдзауты зæрдæты фæлтæртæ куыд зæрдæагайгæйæ рухс кодта, уый тыххæй номарæн изæры сæ хъуыдытæ телепленкæйыл фыстæй дзырдтой номдзыд актеры сфæлдыстадон æмцæдисонтæ, Ирон театры фыццаг режиссер Еленæ Маркова, Уæрæсейы Федерацийы адæмон æмæ сгуыхт артисттæ Хъариаты Тамарæ æмæ Сланты Къоста.

Ирон театры абоны курдиатджын сфæлдыстадон фæлтæрæн Солæманы ном зынаргъ кæй у, йæ фарн ын дарддæр рæсугъдæй кæй хæссынц абон дæр, уый тыххæй мысæн изæры сæ зæрдæбын ныхæстæ загътой: нæ республикæйы адæмон артист, режиссер Цæриаты Валери, Фысджыты цæдисы сæрдар, литературæиртасæг Хозиты Барис, Цæгат Ирыстоны Абайты Васойы номыл Гуманитарон æмæ социалон иртасæнты институты хистæр зонадон кусæг, филологон наукæты кандидат Хъуыссæты Зæлинæ, поэт, журналист Къадзаты Станислав.

Ирон театры алы азты æвæрд спектакльтæ «Чермен», «Се человек», «Чепты-Чепена»-йæ скъуыддзæгтæм æхсызгонæй бакастысты номарæн изæры уазджытæ. Архайдтой дзы Цæгат Ирыстоны адæмон æмæ сгуыхт артисттæ: Хъæцмæзты Лазыр, Битарты Алыксандр, Цæллагты Сослан, Таутиаты Дианæ, Уаниаты Валери.

Номарæн изæрмæ сæхи аив хуынтæ кафт æмæ зарды хуызы бацæттæ кодтой: адæмон кафты паддзахадон академион ансамбль «Алан»-ы солист Годжыцаты Георги, æрыгон зарæггæнæг Гадзауты Георги, ирон театралон æмæ вокалон аивады дæснытæ Медойты Светланæ, Гæбуты Жаннæ, Сечъынаты Альбинæ, Персаты Тамарæ.

Дзæуджыхъæуы 30-æм астæуккаг скъолайы ахуыргæнинаг Быгъуылты Дианæ та аив бакаст зындгонд поэт Тедеты Ефимы фыст æмдзæвгæ «Таутиаты Солæманæн».

Сæ курдиатджын æрвады номыл ахæм зæрдæагайгæ мысæн изæр кæй бацæттæ кодтой, уый тыххæй йæ саразджытæ æмæ æппæт аивадуарзджытæн зæрдиаг арфæтæ ракодтой: фæллойы ветерантæ Таутиаты Гаппо, Никъала æмæ Минтæ. Уыдон сæ мыггаджы советы номæй Ирон театры коллективæн балæвар кодтой Солæманы аив портрет. Номарæн изæры режиссер – Уæрæсейы Федерацийы сгуыхт артист Сæбанты Тамерлан, сценарийы автор – Ирон академион театры литературон хайады сæргълæууæг Хетæгкаты Оксанæ, амонджытæ – нæ республикæйы адæмон артисттæ – Æлбегаты Алан æмæ Гæлæуты Зæлинæ.

ГАСАНТЫ Валери

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here