Паспорт раттой

0
184

Рæзгæ фæлтæрмæ патриотизмы æмæ хи бæстæйы тыххæй бæрнондзинады æнкъарæнты сæвзæрдæн ахъаз кæнынæн Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады кусджытæ æмæ хайады Æхсæнадон советы уæнгтæ дарддæр æххæст кæнынц акци «Мах стæм Уæрæсейы граждæнтæ!»

14 азы кæуыл сæххæст, уыцы фæсивæд кадджын уавæрты райсынц сæ фыццаг паспорттæ. Паспорты райст банымайæн ис хъомыл цардмæ райдианыл. Æрæджы амынд цау æрцыд Азиаты Дамиры царды дæр. Лæппу йæ сæйраг юридикон документ райста районы мидхъуыддæгты хайады миграцийы
фарстаты дæлхайады хицау, пъæлицæйы майор Алыккаты Фатимæйы къухтæй. Æнахъомæн паспорт дæтгæйæ, пъæлицæйы афицер загъта:

– Цыппæрдæс азы кæуыл сæххæст, паспорт райсæг уыцы лæппутæ æмæ чызджытæм хауы стыр бæрнондзинад. Дамир нæ цытджын бæстæйы гражданины ном кадимæ кæй хæсдзæн, ууыл зæрдæ дарын.

Мидхъуыддæгты ха-йады хъомыладон куысты специалист, пъæлицæйы
кæстæр лейтенант Кæсæбиты Тамарæ æмæ хайады Æхсæнадон советы уæнг, фæсивæды æппæтуæрæсеон æхсæнадон-паддзахадон змæлд «Фыццæгты змæлд»-ы бынæттон хайады разамонæг Ханайты Таймураз дæр Азийы-фыртæн йæ царды ахсджиаг цауы фæдыл раарфæ кодтой.

Фадатæй пайда кæнгæйæ, Таймураз Дамирæн бахаста амынд змæлды уæнг суæвыны фæндон. Лæппу фæндонæн æвæстиатæй разыйы дзуапп радта.

Фиппаинаг: документимæ иумæ Дамирæн балæвар кодтой паспорты уæлцъар, «Фыццæгты змæлд»-ы риуылдаргæ нысан, Уæрæсейы Федерацийы Конституци æмæ адджинæгтæ. Фæстагмæ фембæлды архайджытæ сæ къам иумæ систой.

Гæззаты Зæринæ,
Алагиры районы
мидхъуыддæгты
хайады инспектор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here