Æфсæддонты æрбахуыдтой

0
114

Сæрмагонд æфсæддон операци æххæст кæныны тæлмы хæстон хæслæвæрдтæ чи æххæст кæны, Уæрæсейы Хъахъхъæнынады министрады ахæм æфсæддон службæгæнджытимæ фембæлд уыд Горæтгæрон районы мидхъуыддæгты хайады.

Амынд хайады актон залмæ æрбацыдысты пъæлицæйы кусджытæ, Камбилеевскæйы астæуккаг скъолайы кадетон къласы хъомылгæнинæгтæ, стæй мидхъуыддæгты хайады Æхсæнадон советы уæнгтæ. Службæйы хæслæвæрдтæ æнтыстджынæй æххæст кæныны тыххæй паддзахадон æмæ ведомствон хæрзиуджытæ кæмæн саккаг кодтой, фембæлдмæ æрбахуыдтой ахæм æфсæддонты: Зассеты Давиды, Гобозты Хетæг æмæ Даниил Радченкойы. Ныхасы рæстæг уазджытæ уæлдай фылдæр æргом аздæхтой æдасдзинады æмæ Запорожьейы облæсты (лæппутæ ам службæ кæнынц) цæрæг адæмимæ æмархайды фарстатæм.

Уазджытæ куыд загътой, афтæмæй, цард ног уæрæсейаг регионы цæмæй къæпхæнгай банывыл уа, ууыл æппæт гæнæнтæй архайынц æфсæддон службæгæнджытæ æмæ барадхъахъхъæнджытæ. Мидхъуыддæгты хайады хицауы хæдивæг, пъæлицæйы булкъон Годжыцаты Аланы ныхасмæ гæсгæ, Ирыстонæй рацæ-уæг нæлгоймæгтæ (адонæй бирæтæ раздæр службæ кодтой пъæлицæйы) сæ хæстон хæслæвæрдтæ æнæлазæй æххæст кæнынц. Годжыцайы-фырт уазджытæн мидисджын фембæлды тыххæй раарфæ кодта.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here