Фылдæргонд пособийы бæрц

0
45

Хæрх социалон фиддонты (17 азæй кæстæр сывæллæттæн æмæ æнхъæлцау сылгоймæгтæн иумæ-йаг пособи нымайгæйæ) бæрцыл чи ахады, ацы азæй фæстæмæ Уæрæсейы фæцæрынæн хъæугæ тæккæ къаддæр уыцы хæрдзты бæрц 15 проценты фæфылдæр.

Амынд æууæл хынцгæйæ, январы Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайад æппæт бинонтæн æвæрд иумæйаг пособийы бæрц фæфылдæр кодта.

Æнхъæлцау сылгоймæгтæн иумæйаг пособийы бæрц хынцгæйæ, ныма-йынц кусынхъом адæймагæн фæцæрынæн хъæугæ тæккæ къаддæр регионалон хæрдзты бæрц (Цæгат Ирыстоны – 17 396 сомы), сывæллæттæн та, пособийы бæрц хынцгæйæ, нымайынц фæцæрынæн хъæугæ тæккæ къаддæр хæрдзты бæрц (Цæгат Ирыстоны – 15481 сомы). Афæдзы райдианы фæцæрынæн хъæугæ тæккæ къаддæр хæрдзты бæрцыл кæй бафтыдтой, уый нымайгæйæ, иумæйаг пособийы бæрц 1-2 мин сомы фæфылдæр æмæ ныртæккæ ацы бæрц мæймæ хæццæ кæны 7740,5 – 15481 соммæ. Æнхъæлцау сылгоймæгтæн æмбæлгæ пособийы бæрцыл иу-цасдæр бафтыдтой, æмæ сын ныр мæймæ бафидынц 8698,5-17396 сомы.

Стандартон фæтк-æвæрдмæ гæсгæ, раздæры мæйы тыххæй фæрæзтæ сывæллæтты ныййарджытæм алы ног мæйы райдианы кæй бафтынц, уый нымайгæйæ, бинонтæм фылдæргонд пособиты фыццаг фиддонтæ бахæццæ сты 3 февралы. Фæрæзтæ бахынцынæн банк чи равзæрста, сывæллæтты пособитæ фидыны иумæйаг бон уыцы цæгатирыстойнаг бинонты фылдæр хай æхца райстой. Уæрæсейы Пост пособитæ адæммæ хæццæ кæны 3 февралæй 25 февралы онг.

Уæ зæрдыл уын лæууын кæнæм: ацы азы райдианæй фæстæмæ сывæллоны райгуырдмæ æмæ йæ хъомыл кæнынмæ гæсгæ æрвылмæйон пособи райсынæн бинонты алы кусынхъом уæнджы æппæтæй къаддæр æфтиаджы бæрц 4 тæккæ къаддæр мызды бæрцæй къаддæр хъуамæ ма уа.

Ацы аз Уæрæсейы тæккæ къаддæр иумæйаг мызды бæрц у 22440 сомы, æмæ афтæмæй, куысты хуыз нæ нымайгæйæ, бинонты алы кусынхъом уæнджы æфтиаджы бæрц дыууадæс мæймæ хъуамæ уа æппынкъаддæр 89760 сомы. Ахсджиаг æфсæнттæ нымайгæйæ, хыгъдон æмгъуыды иннæ мæйты дæргъы бинонты кусынхъом уæнг кæд нæ куыста (зæгъæм, сылгоймаг æнхъæлцау уыд, науæд сывæллонмæ, кæнæ ацæргæ адæймагмæ зылд), уæд тæккæ къаддæр æфтиагмæ æвдыст домæнтæ фæфæлмæн уыдзысты.

Хæсты архайды заман цард æмæ æнæниздзинадæн хаст зианы бæрц кæй фæрцы бахгæдтой, фæрæзхъуагдзинады къæпхæн комплексон уагæй бæлвырд кæныны, стæй сывæллæттæн æмæ æнхъæлцау сылгоймæгтæн иумæйаг пособи æвæрыны заман Уæрæсейы Социалон фонды цæгатирыс-тойнаг хайад æфсæддон службæгæнджытæн æмæ сæ бинойнæгтæн фыст уыцы паддзахадон фиддонтæ нæ нымайдзæн. Уымæй уæлдай, фæмард-уæвæг æфсæддон службæгæнджыты хицæн хæдзæрттæ сцалцæг кæнынæн федералон бюджетæй кæй радих кодтой, уыцы æхцатæ дæр нæ хынц-дзысты.

Уыимæ, бинонтæ ног-гуырд сывæллонæн иумæйаг пособи исынц раздæрæй æнцондæрæй. Ныридæгæн бинонтæ хистæр сывæллæттæн фиддонтæ кæд исынц, уæд бæстæйы Социалон фонды цæгатирыстойнаг хайад ноггуырд сывæллонæн иумæйаг пособи сæвæрдзæн проактивон уагæй, фæрæзхъуагдзинады къæпхæн комплексон уагæй нæ бæлвырд кæнгæйæ. Ногæвæрд пособийы бæрц уыдзæн раздæры пособийы бæрцимæ æмхуызон.

Уæрæсейы Социалон фонды иумæйаг контакт-центр: 8-800-100-00-01 (телефонæй бадзурæн ис лæвар; регионалон хайады куысты фæтк: къуырисæрæй цыппæрæммæ 9 сахатæй 18 сахаты онг, майрæмбоны та – 9 сахатæй 16 сахаты æмæ 45 минуты онг).

 

УФ-йы Социалон фонды
цæгатирыстойнаг
хайады пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here