Зынгзæрдæ патриот

0
157

Ацы аз Гæдзалаты Чермены райгуырдыл æххæст кæны 110 азы. Гæрзифтонг тыхты æмæ барадхъахъхъæнæг оргæнты ветерантæ Чермены зыдтой Райгуырæн бæстæйы зынгзæрдæ патриотæй, дæсны разамонæг æмæ дзыллæйыл аудæг адæймагæй.

Гæдзалы-фырт райгуырд Алагиры (раздæр  горæты хай хаста Салыгæрдæны хъæуы ном). Астæуккаг скъола каст фæуыны фæстæ лæппу 1938 азы ахуыр кæнынмæ бацыд нæ республикæйы сæйраг горæты 1-æм фистæгæфсæддон училищæмæ. Æнтыстджынæй йæ каст куы фæци, уæд æй ацы ахуыргæнæндоны сæвæрдтой курсон афицерæй. 1942 азы июлы фашистон æрдонгтæ бырстой Сталинградмæ, æмæ Чермены арвыстой ацы намысджын горæт хъахъхъæнынмæ.

Фашистон æфсæдты ныхмæ уæззау хæстыты архайгæйæ, курсанттæ сæ командæгæнæгимæ  рав-дыстой уды хъару æмæ æхсар. Чысыл фæс-тæдæр сæрæн æрыгон афицеры сæвæрдтой сгарæг ротæйы командæгæнæгæй. Иннæтæй ныфсхастдæр   æмæ æрхъуыдыджындæр чи у, Чермен йæ дæлхайадмæ службæ кæнынмæ иста ахæм æвзыгъд æфсæддонты. Знаджы фæсчъылдыммæ бахъуызгæйæ-иу, сгарджытæ  немыцаг æфсæддонты истой уацары, знæгты лæмæгъ бынæттæ бæлвырд кодтой. Стæй, сырхæфсæддонтыл дæр-иу зиан кæм æрцыд, хатгай лæгæй-лæгмæ ахæм тугкалæн тохты дæр архайдтой. Хæстытæй иуы Чермен уæззау цæф фæци, фæлæ йæ дохтыртæ куы сдзæбæх кодтой, уæд ногæй йæхи æфсæддон дæлхайадмæ æрбаздæхт. Зын уавæртæ нæ нымайгæйæ, æхсæвæй-бонæй сырхæфсæддонтæ размæ бырстой, сæ хæстон фæлтæрддзинад фылдæр кæнгæйæ.

1943 азы декабры Гæ-дзалы-фырты сæвæрдтой 5-æм гвардион æфсадмæ хауæг 33-æм гвардион фистæгæфсæддон корпусы сгарджыты хайады хицауæй. Сгарджытæ сæ командæгæнæджы дæсны разамындæй архайдтой гермайнаг æмæ чехаг горæттæ Дрезден æмæ Карловы Варымæ бырсæн хæстыты (чысыл фæстæдæр Чермены сæвæрдтой  амынд горæты комендантæй).

Хæсты быдыры сгуыхт-дзинæдтæ равдисæг, не ’мзæххоны схорзæхджын кодтой Сырх Тырысайы, Сырх Стъалыйы дыууæ, Фыдыбæстæйы хæсты дыууæ къæпхæны ордентæй, стæй цалдæр майданæй.

Хæсты фæстæ Гæдзалы-фырт иттæг хорз бæрæггæнæнтимæ каст фæци
М.В. Фрунзейы номыл æфсæддон академи. Сæвæрдтой йæ 78-æм фистæгæфсæддон дивизийы командæгæнæджы, фæстæдæр та – Орджоникидзейы С.М. Кировы номыл мидхъуыддæгты æфсæддон училищæйы хицауы хæдивæгæй. Тохы быдыры ист зонындзинæдтæй парахатæй пайда кæнгæйæ, Чермен мидбæстон æфсæдты советон афицерты цæттæ кæныны хъуыддагмæ аккаг æвæрæн хаста.

1961-1965 азты Гæдзалы-фырт ра-замынд лæвæрдта нæ республикæйы Мидхъуыддæгты минис-традæн. Бæрнон бынат ахсгæйæ, Чермен йæхи равдыста куысты хæстæ æххæст кæнынмæ æвзыгъд адæймагæй, дæлбартимæ хъуыддаджы ахастдзинæдтæдарæг разамонæгæй. Мидхъуыддæгты министрады коллектив сæ дæсны разамонæгæн кодтой стыр кад. Службæйы хæстæ æнаиппæй æххæст кæныны тыххæй Гæдзалы-фырт цалдæр хатты райста ведомствон хæрзиуджытæ.

 

Болиаты Зелим,
РЦИ-Аланийы
Мидхъуыддæгты
министрады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here