Сгарæг-бырсæг батальон «Сæрмæт»-ы (хауы Донбассы «Хъæддаг дивизийы» барвæндонты корпусмæ) разамонæг Наниты Владимир («Че Гевара») уæззау цæф фæци тохы рæстæг, иу къахимæ баззад, фæлæ нæ рох кæны йæ хæстон æмбæлтты, иудадзыг дæр ын семæ ис бастдзинад. «Основа»-йы уацхæссæг фембæлд Владимиримæ æмæ ныхас кодта хъæбатыр æфсæддонимæ.
– Уыцы быцæуты рæстæг фæцæф дæ фондз хатты, фæлæ
фæстаг уыди се ’ппæтæй уæззаудæр. Куыд нæ хъуыды кæндзынæ уыцы бон?
– Хъуыддаг уыди Курскы облæсты ивгъуыд азы 13 сентябры. Махæн нæ хæс уыди, украинæгтæм æх-хуысгæнæг æфсæдтæ æмæ хæцæнгæрзтæ кæуылты ластой, уыцы бацæуæнтæ æрæхгæнын. Цадæггай цыдыстæм размæ, истам иу уынг иннæйы фæстæ. Хатгай знæгтæ æмæ мах æхсæн цалдæр метрæй фылдæр нæ уыди. Иуахæмы бахаудтам тынг зын уавæры, нæмгуытæ ныл ихуарæгау кодтой, фæлæ нæ фæтасыдыстæм. Нæ лæппутæй иу фæмард, дыууæ та цæфтæ фесты. Æз бардзырд радтон, цæмæй лæппутæ цæфты ахæссой æдас ранмæ, мæхæдæг та ма мæ дыууæ æмбалимæ бафæлвæрдтам ноджы иу блиндаж басгарын, фæлæ йæ фарсмæ цы уæрм уыди, уый нæ бафиппайдтам. Уырдыгæй ныл автоматы нæмгуытæ ныккалдтой. Уайтагъд дæр æй банкъардтон – фæцæф мæ галиу къах, тугæн бауромæн нал уыди. Куыддæртæй йæ бабастон, цæмæй туг баурæдтаин. Уыцы рæстæг уæрмæй сгæпп кодта знæгтæй чидæр, йæ автоматæй æхсын нæ уагъта, фæлæ йæ ме ’мбæлттæ æрфæлдæхтой. Стæй мæм æрбазгъордтой феххуыс кæнынмæ, систой мæ æмæ мæ сæ къухты ахастой.
– Дæ уавæр уыди тынг æвзæр, зæгъæн ис, уыдтæ мæлæт æмæ царды ’хсæн. Цы дын феххуыс?
– Зæгъæн ис, тугвидыд фæдæн, æндзыг кæнын райдыдтон. Фæлæ мын, æвæццæгæн, ме Сфæлдисæг феххуыс кодта.
– Дæхи куы æрæмбæрс-тай, уæд фыццагдæр цæуыл ахъуыды кодтай, Владимир?
– Æмæ уадзыг нæ бадæн уæддæр, стæй уымæй размæ фæцæфтæ уæвгæйæ дæр. Тæрсгæ дæр нæ кодтон, æмбæрстон, хæст хæст у, æмæ дзы алцы дæр вæййы. Æрмæст рисгæ кодтон тынг, стæй тынг æнæхъару, лæмæгъ уыдтæн. Лæппутыл мæт кодтон, мæ сæрæй нæ цух кодтой, – куыд сты, цы сты. Хæст иу уысм дæр не ’нцади…
– Дæуæн дæ дарддæры цард дæр уыдзæн зын фæлварæн…
– Æмбарын æй, фæлæ цард цард у, цыфæнды зын фæлварæнæн дæр фидар лæууын хъæуы. Раздæр-иу арæх фехъуыстон, къах кæнæ къух исты аххосаджы тыххæй куы алыг кæнынц, уæддæр ма, цыма йæ бынаты вæййы, афтæ фæриссы. Æмæ йæ ныр мæхиуыл банкъардтон. Рыст басабыр кæнынæн ницы æххуыс кæны, ницавæр хос дæр.
– Ирыстоны дæ хиуæттæ базыдтой хабæрттæ?
– Фехъуыстой, мæ иу къах мын алыг кодтой, зæгъгæ, фæлæ сæм видеойæ равдыстон иннæ къах, уый дæр цæф у, нæмыг дзы иннæрдæм ахызт, ома, æрмæстдæр цæф дæн, зæгъгæ. Базыдтой йæ уæддæр, куыд æй бамбæхсдзынæ! Мæ мад мæм æрдзырдта, ныфсытæ мын æвæрдта, алцыдæр уыдзæн хорз, фидар у, мах демæ стæм, зæгъгæ. Ныййарæг ныййарæг у, йæ зæрдæ дары, кæд лæппу ныр фронтмæ нал ацæ-уид, зæгъгæ… Амæй размæ цæфты фæстæ дæр мын лæгъстæ кодтой, мауал ацу, зæгъгæ. Нæ сæм байхъуыстон.
– Куыд цæуы дæ реабилитаци?
– Дохтыртæ загътой, цæмæй йæ кæронмæ ахæццæ кæнон. Æз та мæ къахыл æрлæууыдтæн дыууæ мæймæ, уый æгæр цыбыр æмгъуыд у, тынг мæ фæндыди цæуын…
– Дæ дарддæры царды хабæртты тыххæй дæм цы нысантæ, цы хъуыдытæ ис?
– Æз æфсæддон хайы разамонæг суæвынмæ никуы бæллыдтæн. Фæлæ йын бæрзонд аргъ кæнын. Ахуыр скодтон сабыр царды дæсныйæдтыл, ис мæм юрист æмæ дунеон ахастдзинæдты специалисты æвдисæндартæ. Фæлæ абон, уæхæдæг æй уынут, цавæр рæстæг у. Æмæ мæ зондахастмæ хæстæгдæр у, Фыдыбæстæ чи хъахъхъæны, уыцы адæймаг, хæстон.
Ирыстонæн йæ Цæгаты дæр æмæ Хуссары дæр цы хæстон быцæутæ уыдис, уым архайдтой мæхи бинонты уæнгтæ дæр. Стæй мæ зонгæты ’хсæн дæр дзæвгар ис, уыцы быцæуты йæхиуыл чи нæ ауæрста, райгуырæн зæххы сæрвæлтау йæ цард дæр раттынмæ цæттæ чи уыдис, ахæмтæ.
Мæнæ ныртæккæ арæх фехъусын, Украинæйы мах хæст нæу, зæгъгæ. Уый рæдыд хъуыды у. Нæ иумæйаг хъуыддаг у, æмæ йæ хъуамæ кæронмæ ахæццæ кæнæм.
– Владимир, Уæрæсейы информацион агентад «Новости»-йы дзырдтой æнæ къахæй чи баззад, фæлæ та фæстæмæ фронтмæ бырсæг – саперты инструкторæй чи ацыд, уыцы хæстоны тыххæй….
– Раст зæгъгæйæ, абон дæр нымад дæн сгарæг-бырсæг къорды сæргълæу-уæгыл. Æмæ здæхын фæс-тæмæ мæ бынатмæ. Уым тынг бирæ ахсджиаг куыст ис. Æппæты фыццаг, æнкъарын егъау бæрнондзинад, знаджы ныхмæ фидар къæдзæхау чи лæууы, уыцы фæсивæды мадæлтæ æмæ фыдæлты размæ. Хъуамæ æппæт хъарутæй дæр бацархайон, цæмæй мæ хæс-тон æмбæлттæ сæрæгас, æнæнизæй сæмбæлой сæ уарзон бинонтыл.
– Семæ дын бастдзинад ис?
– Æрвылбон дæр…
Цыхуырбаты Наталья,
«Основа»














