Инæлары номæвæрæг

0
214

Ацы хабар мын цалдæр азы размæ дзырдта заманхъуйлаг дзæнæты бадинаг Дзгойты Тепсарыхъо, йе ‘мхъæуккæгтæ йæ фырбуцæй Тетакко хуыдтой.

Тетакко хæстон лæг уыдис, тохы быдыры йæ лæгдзинады тыххæй хорзæхджын æрцыд къорд хæрзиуæгæй. Арæх-иу нæм æрбацыд редакцимæ, æмæ йе ‘рбацыд уарынбон хур ракæсынау уыдис. Тынг бирæ хабæрттæ зыдта, хъæлдзæг ныхæстæй-иу нын нæ зæрдæтæ барухс кодта. Дæлдæр уын æрхæсдзынæн, Тетакко йæ куыд радзырдта, афтæмæй, йæ хабæрттæй иу.

1904 азы заманхъуйлаг Хъæстуаты Хъуыбадыйы фырт Иссæ уазæгуаты уыдис Бæтæхъойыхъæуы Бигъаты Сопанмæ. Цас абадтаиккой, чи зоны, фæлæ иу афон кæрты дуар чидæр æрбахоста. Сопан æм рацыд, дзурæг загъта, Плиты Алыксандр йæ лæппуйыл ном æвæры, æмæ, дам, мæ дæумæ рарвыста. Уазæг мæм ис Заманхъулæй, куыд æй ныууадзон, зæгъгæ, йын дзуапп ратта Сопан, æмæ хонæг ацыд. Иуцасдæры фæстæ та ногæй æрбахæццæ æмæ фехъусын кодта, Алыксандр, дам, афтæ зæгъы, дæ уазæджы дæр демæ ракæн, æмæ æвæстиатæй ардæм рацæут.

Ацыдысты Сопан æмæ Иссæ Алыксандры хæдзармæ. Нæмттæ ныффыстой, Иссæ йæхи ном загъта. Хæлттæ сцагътой, æмæ Иссæйы ном схауд. Раарфæ йын кодтой, нуазæн ын рахастой йæ номыл, цайцымæн агуывзæ. Иссæ нуазæн райста æмæ скуывта:

– Уæдæ ацы цæринаг гуырды Иунæг Хуыцау ахæм лæг скæнæд, канд йæ мад æмæ йæ фыд, йæ хъæубæстæ нæ, фæлæ дзы æнæхъæн Ирыстон сæрыстыр куыд уа, царды зынгæ бынат куыд æрцахса!

Нуазæн æртæйæ хъуамæ банызтаиккой. Афтæ уыд æгъдау, цайцымæн-иу æртæ лæгæй банызтой. Иссæ нуазæн йæхæдæг банызта. Хъæстуаты Иссæйы куывд æрцыд Плиты лæппуйыл. Йе ‘нтыстдзинæдтæ амонын нæ хъæуы, Ирыстоны сæ алчидæр зоны.

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here