Мит сæ нæ бахъыгдардта

0
240

Дзæуджыхъæуы футболон скъола «Юность»-ы стадионы абон, 1 мартъийы, сбæрæг уыдзысты Леонид Саблины æрвылазон номарæн турниры уæлахиздзау æмæ призон бынæттæ бацахсæг командæтæ.

Турниры фыццаг хайы æртæ дæлкъорды фыццаг бынæттæ цы ‘ртæ командæйы бацахстой, уыдон кæронбæттæны фембæлдтыты тырнынц, Фыдыбæстæйы Стыр хæсты Уæлахизы 80 азы номыл цы ерыстæ сарæзтой, уыдоны уæлахиздзау суæвынмæ.

27 февралы фембæлдысты дæлкъорд «А»-йы 1-аг бынат бацахсæг дзæуджыхъæуккаг командæ «Киммери» æмæ дæлкъорд «В»-йы уæлахиздзау «СКГМИ». Дыууæ командæйы дæр равдыстой уæлахизмæ тырнындзинад. Кæд хъазæн фæз, зымæгон уавæры хуыздæрхъуаг уыд, уæддæр фембæлд рауад цымыдисаг. Ахæм уавæрты фæуæлахизуæвæг командæйы сбæрæг кæнын æнцон нæ уыд. Дыууæрдыгæй дæр футболисттæ æппæт хъарутæй тырныдтой уæлахизмæ. Æппынфæстаг спортивон амонд фæци «Киммери»-йы фарс, æмæ фембæлд ахицæн йæ пайдайæн 2:1 хыгъдæй.

28 февралы «Киммери» фембæлд Алагиры командæ «ДЮСШ»-имæ. Дыууæ командæйы хъазджытæ, митæй æмбæрст фæзыл ерыс кæнгæйæ, равдыстой стыр фæразондзинад. Хъазты фыццаг æмбис ахицæн 0:0 хыгъдæй. Дыккаг таймы дæр ныхмæлæуджытæ разындысты æмдых, æмæ ныр 1-аг бынат бацахсæг бæрæггонд æрцæудзæн абон «СКГМИ» æмæ «ДЮСШ»-йы фембæлды фæстæ.

Баскаты Уырызмæг

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here