Змæлды ног уæнгтæ

0
182

Кировы районы Змейкæйы станицæйы рæвдауæндон «Арвæрдын»-ы цæттæгæнæн къорды хъомылгæнинæгтæ ацыдысты Сывæллæттæ æмæ фæсивæды æппæт-уæрæсеон змæлд «Фыццæгты змæлд»-ы рæнхъытæм райсыны фæдыл кадджын фæтк.

Рæвдауæндоны разамонæг Дзæгъойты Ольгæ, амынд змæлды регионалон хайады хистæр раздзог Баллаты Хетæг æмæ дзыллон мадзалы иннæ кадджын уазджытæ «Фыццæгты змæлд»-ы ног уæнгтæн зæрдиаг арфæтæ ракодтой. Районы хъомылгæнинæгтæй амынд змæлды уæнгтæ æппæтæй раздæр чи ссис, уыдоны ‘хсæн «Арвæрдын»-ы минæвæрттæ кæй сты, уый бирæйыл дзурæг у.

Сывæллæттæн фехъусын кодтой «Фыццæгты змæлд»-ы гимн, фæстæдæр та сын кадджын уавæры радтой сæрмагонд риуылдаргæ нысантæ. Змæлды уæнгтæ суæвæг сывæллæттæй Райгуырæн бæстæйы зынгзæрдæ патриоттæ цæмæй рауайа, уый сын нæ зæрдæ зæгъы!

РЦИ-Аланийы
Ахуырад æмæ
наукæйы министрады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here