Компаниты къорд «Мега», Цæгат Ирыс-тоны паддзахадон медицинон академи æмæ нæ республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæнынады министрад расидтысты Цæгат Ирыстоны медицинæмæ аккаг æвæрæн бахæссыны тыххæй преми «МегаДоктор». Проекты сæйраг нысан у курдиатджын дохтырты сбæрæг кæнын, сæ практикон æмæ наукон куыстытæн аргъ скæнын.
Преми лæвæрд цæудзæн уæлахиздзаутæн æртæ номинацийы: «Фыццаг хатт конд операци», «Дзæбæхгæнæн æмæ диагностикæйы ног хуызтæй пайда кæнын» æмæ «Наукон публикаци». Æнæмæнг, нæ республикæйы медицинæйы райрæзтæн преми ахъаз кæй уыдзæн, уый тыххæй уацхæсджытимæ фембæлды рæстæг дзырдтой брифингы архайджытæ.
Ивгъуыд аз конкурсы архайдтой 38 дохтыры. Сæ куыстытæн аргъ кодта экспертон къорд. Уæлахиз-дзаутæ систы Тотыккаты Зауырбег – медицинон наукæты доктор, Цæгат Ирыс-тоны паддзахадон медицинон академийы хирургийы кафедрæйы профессор, Реуазты Егор – Горæтгæроны районы рынчындоны хирургийы хайады сæргълæууæг, медицинон наукæты кандидат. Хуыздæр наукон публикацийыл банымадтой дохтыр-эндокринолог Тебиаты Иннæйы куыст. Уæлахиздзаутæй уæлдай, брифингы куысты архайдтой РЦИ-Аланийы æнæниздзинад хъахъхъæнынады министры фыццаг хæдивæг Томайты Тамарæ, медицинон академийы ректор, медицинон наукæты доктор, Уæрæсейы уæлдæр ахуырады кадджын кусæг Олег Ремизов (уый уыд къорды сæрдар).
– Æнæмæнгæй, ацы æрвылазон преми разæнгард кæндзæн ног æнтыстытæм нæ бирæ курдиатджын дохтырты. Архайæм, цæмæй нæ специалисттæн фадат уа сæ зонындзинæдтæ, сæ фæлтæрддзинад равдисынæн, цы ногдзинæдтæ, стæй дзæбæх кæныны нырыккон хуызтæ æмæ наукон иртæстытæ сæм ис, уыдоныл æрдзурынæн. Æрвылбон адæмы æнæниздзинадыл чи тох кæны, уыдонæн аргъ скæнæн уыдзæн тынг æхсызгон, – загъта Олег Ремизов.
2025 азы проекты арха-йыны фæндон рахаста Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад.
– Стыр цымыдисæй ивгъуыд аз кастыстæм проекты архайджыты æнтыстдзинæдтæм. Æхсызгон куыд нæ у, республикæйы æппæт медицинон æхсæнад ацы преми кæй æрбамбырд кодта. Медицинæ æнтыстджын къахдзæфтæ кæны размæ. Уымæ гæсгæ, уæлдай ахсджиаг у нæ дохтырты куыстæн аргъ скæнын. Уый тыххæй архайæм проекты, цæмæй йæ ног æмвæзадмæ сисæм, медицинон æххуыс цæмæй ноджы хæрзхъæддæр уа, – загъта министры фыццаг хæдивæг Томайты Тамарæ.
Брифингы фехъусын кодтой, преми «МегаДоктор» райсыны тыххæй конкурсмæ курдиæттæ исын кæй райдайдзысты 17 мартъийы сæрмагонд сайты.
Медицинон кусæджы профессион боны кадæн 20 июны уæлахиздзаутæ сбæрæг уыдзысты, æмæ сæ схорзæхджын кæндзысты.
Гугкаты Жаннæ, къам систа
Татьянæ Шеходанова














