Фæзминаг адæймаг

0
197

Йе ‘хсай азæй æртын дыууæ азы заманхъуйлаг Таутиаты Таймураз инвалиды коляскæйы ис. Уыцы трагикон бонæй фæстæмæ йæ цард бынтон фендæрхуызон. Фыдæвзарæнтæн сæттын нæ бакуымдта, йæхимæ хъусынмæ нæ фæцис. Адæмæй йæхи нæ аиуварс кодта, разынд æм хъару се ‘хсæнмæ раздæхынмæ. Уый нæ, фæлæ ма иннæтæн дæр у æххуыс. Кæм бахъæуы, уым дысвæлдæхтæй балæууы сæ разы. Æхсæнадон царды сæрæн архайдæй разæнгард кæны, йæ алыварс чи ис, уыдоны дæр. Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн канд йæхæдæг нæу æххуыс, Таутиаты мыггаг се ‘вæрæн хæссынц Уæлахизы бон хæстæгдæр кæнынмæ.

Республикæйы Сæргълæууæджы Администрацийæ Сергей Меняйлойы номæй мыггагмæ цы фыстæг æрбацыд, уым загъд ис: «Сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн, сæ хиуæттæ æмæ хæстæджытæн алывæрсыг æххуыс кæнын паддзахадон хицаудзинады оргæнтæ нымайынц сæ фыццаградон хæсыл. Дарддæр дæр кусдзыстæм, цæмæй Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæ сæхиуыл æнкъарой паддзахады ‘рдыгæй аудындзинад. Таутиаты мыггагæн арфæ кæнын, æвæлмæстæй кæй нæ кæсынц, царды сæм активон граждайнаг ахстбынат кæй ис, уый фæдыл».

Таймураз ма хæрз æрыгон лæппу уыд, афтæмæй йæхи цæстæй федта, бандеровонтæм Советон Цæдисы рæстæг дæр цы ‘нæуынондзинад уыд «москальтæм», уый:

– Ме ‘фсæддон хæс Украинæйы, Прикарпатаг æфсæддон зылды æххæст кодтон. Львовмæ хæстæг, Польшæйы арæнмæ хæрз æввахс уыдыстæм, æрмæстдæр дыууæ километры уыд не ‘хсæн. Ныгуылæн Украинæйы уыцы рæстæг дæр (1984 азы)  бандеровонтæ цыдысты митингтæм рæстуд адæмæн æнæуынон тырысатимæ. Уыцы рæстæг дæр уырыссæгтæм хорз цæстæй нæ кастысты. Уавæрæй пайда кæнгæйæ, æдзух архайдтой иннæты дæлдзинæг кæныныл. Æндæр хъуыддаг уыд Украинæйы иннæ хайы, Винницæйы облæсты, Калиновкæмæ нæ куы раивтой, уæд. Бандеровонты æнæуынондзинад мæ зæрдыл ныр дæр хорз лæууы, – зæгъы Таймураз.

Цыппор азы фæстæ фыццæгæм къорды инвалид, йæ хъару цас у, уыйас æххуыс кæны, украинаг зонгæ бынæттæ фашизмæй чи сыгъдæг кæны, уыцы
хæстонтæн. Фарон сын сбыдта æмæ арвыста фæсмын цъындатæ. Бавдæлд, æмæ та ног азы фæстæ бацæттæ кодта фæсмын æрмкъухтæ æмæ цъындатæ. Йæ пенсийы бæрц дыууын æхсæз мины у, балхæдта дзы дæттæ, макъаронтæ, æндæр хæлцы продукттæ, æмæ Хъуысаты Амырханы фæрцы сæмбæлдысты нæ хæстонтыл.

– Ницы хъуаг дæн, – йæ ныхас дарддæр хæццæ кæны Таймураз – фыццæгæм къорды инвалид. – Цæргæ иунæгæй кæнын, фæлæ мæхи иунæг не ‘нкъарын. Бирæ мын ис æххуысгæнджытæ. Куыдзиаты Зæринæ – районы социалон хъахъхъæнынады управленийы кусæг, арæх мæм æрбацæуы, бафснайы, хæринаг мын скæны, ныфсытæ мын авæры. Суткæйы дæргъы йæм цыфæнды рæстæг дæр куы бадзурын телефонæй, уæд мæм алкæд- дæр фæзыны æххуысмæ. Хъæуы иунæгæй зын у цæуын, собесы разамонæг  Мырыкаты Аслан мын стыр æххуыс у, уæдæ Гæбулты Таймураз – сæ шофыр хæдтулгæйыл мæ фæхæццæ кæны, кæдæм мæ фæхъæуы, уырдæм. Суанг ма сæнæфсир дæр бахсæстой. Æртын азы мæм йæ цæст дардта Елхъанаты Эльмæ, Асланы размæ уый уыд районы собесы разамонæг, ныр пенсийы ис, – бузныг у ацы адæймæгтæй Таймураз.

Æгуыстæй иу ран бадын нæ фæразы Таймураз, уый хынцгæйæ йын Кудзаты Хъазыбег йæ фырт Азæмæтимæ (зарæггæнæг Мияги) куы базыдтой, уæрццытæ дарын сфæнд кодта, уæд фæкастысты йæ тырнындзинад сæххæст кæнынмæ. Уый пандемийы рæстæг уыд, суанг ма йæм хæдзары нæлгоймаджы куыстытæ бакæнынмæ дæр фæкастысты. Цæмæй хæдзары æвæлмæстæй зилæнтæ кæна, уымæн ын æнцонвадат уавæртæ сарæзтой сæ хъæуы раздæры хицау Цорæты Артур, Хадыхъаты Махæддин, Фрайты Руслан Бетъырбухæй æмæ Таутиаты Хъазыбег Мæскуыйæ, стæй йæ сыхæгты лæппу Джимиты Раман Мæскуыйæ. Иунæгæй йæ нæ уадзынц йæ хистæр æфсымæр Мураты бинонтæ. Æмæ, ныр кæд йæхæдæг дæр иу чысыл æнæфæразон у, уæддæр æй бинонтæ арæх бабæрæг кæнынц.

Инвалид дæн, зæгъгæ, хъæубæстæй, мыггагæй йæхи иуварс нæ ласы Таймураз. Хæрз æрæджы Ирыстон сбæрæг кодта, мыггаг йæ сæр бæрзонд кæмæй хæссы, уыцы ном-
дзыд актертæй иу – Таутиаты Солæманы райгуырды 115 азы бон. Кадджын ма-
дзал ацыд, сценæйы дæсны йе ‘ппæт тыхтæ дæр цы Ирон театрæн ратта, уый агъуысты. Таймураз дæр уыд мадзалы активон архайджыты ‘хсæн.

Уæлдæр загътам, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн æрмæджы хъайтар куыд æххуыс кæны, уый тыххæй. Æрæджы та Таутиатæ фæсидтысты æрвадæлтæм, иумæйаг тыхтæй æрæмбырд кодтой æхца æмæ сæ арвыстой Плиты Иссæйы номыл сарæзт полчъы хæстонтæн. Активонæй йæм йе ‘вæрæн бахаста не ‘рмæджы хъайтар. Уыцы раппæлинаг хъуыддаг фæзминаг у республикæйы цæрæг иннæ мыггæгтæн.

ХУЫБИАТЫ Ларисæ Къам ист у
ТАУТИАТЫ Таймуразы архивæй

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here