Хæсты сывæллæтты мысинæгтæ

0
46

Не  ‘мкусæг, къамисæг   Татьянæ   Шеходанова мын  радзырдта йæ мады  мысинæгтæй  иу  цау, Сталинграды  хæсты  фæстæ  пырх  горæты  уацары  уæвæг  немыцæгты  ‘хсæн  фельдмаршæл  Фридрих  Паулюсы  куыд федта, уый тыххæй.

– Мæ мад  Валентинæ Деменкова  райгуырд 1936 азы Тамбовы облæсты. Йæ фыд Матвей  уæд  куыста обкомы,  æмæ  йæ  йæ  куысты фæдыл 1940 азы  Сталинградмæ  арвыстой. Матвей  йæ  бинонты  дæр уырдæм  аласта. Фыдыбæстæйы  Стыр  хæсты  рæстæг, знаг Сталинградмæ  куы  æрбахæстæг,  уæд  Матвей  Деменков  эвакуацийы  мадзалæн  разамынд  лæвæрдта. Сабиты,  зæрæдтæ  æмæ  сылгоймæгты  цæугæдон  Волгæйы  фаллаг  фарсмæ  аргъæвыныл  архайдта. Мæ мадыл  уæд фондз  азы  цыдис,   æмæ  дзырдта, доны сæрты  куы  ахызтысты, уæд сæ  уæрдæтты  сбадын  кодтой æмæ  тыгъд  быдыры куы  фæцæйцыдысты, уæд  немыцаг  хæдтæхджытæ  сæ  сæрмæ  æвиппайды  фæзындысты  æмæ  бомбæтæ  калын  райдыдтой. Иууылдæр  сæхи  æмбæхсынмæ  фесты, чи – уæрдæтты  бын, чи зæххыл  ныддæлгом, фæлæ  чысыл  Валентинæ  лæугæйæ  аззад. Немыцаг  хæдтæхæг  æм  æрбаввахс, уыдта,  йæ  мидæг чи  бадтис, уыцы  афицеры дæр, фæлæ  сывæллон  йæ  бынатæй  нæ  фезмæлыд.   Хæдтæхæджы  кабинæйæ  немыцаг   комкоммæ  чызгмæ  каст, фæлæ  йæ, цæмæндæр  нæ фехста, бомбæ дæр  не ‘рыппæрста, фæлæ  фæстæмæ йæ  æфсæн  базыртæ  разылдта  æмæ  атахт.  Деменковты  бинонтæ  Уралы цардысты, цалынмæ  Сталинградыл  тох нæ фæци, уæдмæ. Фæстæмæ  эвакуацийæ  æрыздæхтысты  пырх горæтмæ. Цыдис 1943 аз. Немыцы  асырдтой, чи дзы  баззад, уыдон  та  уацары сæхи  раттой  сырхæфсæддонтæм. Уацайрæгты  арæх  фенæн  уыдис, куыд  сыгъдæг   кæнынц    дæрæнгонд  объекттæ, уый. Мæ  мад  дзырдта, зæгъгæ,  æхсæз-авд  азы  йыл цыд,  Сталинградмæ  куы  æрыздæхтысты,  уæд.  Горæты  цард  сабыргай  йæ къæхтыл  лæууын райдыдта.  Скъолатæ  дæр  скуыстой,  æмæ  сывæллæттæ  ахуырмæ бацыдысты.

Ме  ‘фсин  Лидия  Евстратова  та  бавзæрста  Ленинграды  æрхъула. Цыдис  ыл  уæд  цыппар  азы. Йæ  фыд  Николай  Евстратов,  Советон  Цæдисы  Хъæбатыр, танкист,  йæ  бинонты  эвакуацийы  рæстæг  хъавыд  Ленинградæй  арвитын. Цы бирæ  фыдбонтæ  бавзæрстой, уыдоны  тыххæй  зæронд  ус  æнæ  цæссыгæй  дзурын дæр нæ  фæрæзта. Уæд егъау  цад  Ладогæйы  сæрты  хызтысты  иууылдæр, уымæн  æмæ  иунæг фæндаг  уыдис  аирвæзынæн, хуыдтой  йæ «Дорога жизни»,  уæзласæн машинæтæ  ихыл  бырыдысты  сындæггай. Лидия  дзырдта, зæгъгæ, машинæйы  кабинæйы  цалдæр  сывæллонæй   бадтысты  æмæ,  хъæрæй  куыд  куыдтой, уый тыххæй. Ома, тæссаг  фæндагыл  цæугæйæ,  тæрсынæн  æмбаргæ  дæр  ницы кодтой, фæлæ  æххормаг  уыдысты æмæ нæ  фæрæзтой  стонгæн.   Дзырдта  ма, уæзласæн  машинæтæн, дам-иу, сæ  кабинæты  дуæрттæ  уыдысты  гом, мыййаг,  цæлхыты  бын  их  куы  ныттона, уæд, цæмæй  адæм  агæппытæ  кодтаиккой. Фæлæ бирæ    уыдис,  Ладогæйы  бынмæ  æд  адæм  æмæ  хойраг   чи  аирвæзт, ахæм  машинæтæ. Цады  бынæй-иу  дзул  сисыныл дæр архайдтой, – дзырдта  Татьянæ  йæ  мад  æмæ  йе  ‘фсины мысинæгтæ.

Саутæты Тамилæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here