Политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы Генералон нымæрдар Владимир Якушев видеобастдзинады руаджы хæстæ сæвæрдта партийы регионалон хайæдтыл. Баст сты партион проект «Горæтаг алфамбылай» æххæст кæнынимæ.
Бæрнон ныхасы ма архайдтой Уæрæсейы арæзтад æмæ цæрæн-уатон-коммуналон хæдзарады министрты хæдивджытæ Алексей Ересько æмæ Константин Михайлик, партион проекты федералон координатор Павел Качкаев. «Иугонд Уæрæсе» æппынæдзух йæ хъус дардта горæтаг алфамбылайы уавæрмæ, йæ фæхуыздæр кæнынæн фæзынд федералон программæ «Горæтаг фадатджын алфамбылай» дæр. Владимир Якушев куыд бафиппайдта, афтæмæй нырмæ тынг бирæ хъуыддæгтæ конд æрцыд.
«Иугонд Уæрæсе» архайы æппæт фарстаты, райдай фæндæттæ æмæ фæндиæгтæ æмбырд кæнынæй æмæ финанстæ радих кæнынæй фæуы. Уæдæ, нысантæ царды куыд рауадздзысты, объекттæ куыд скусдзысты, уыдæттæм партионтæ сты къæрцхъус. Проектмæ адæм æвдисынц цымыдисдзинад, хъуыддаджы архайынц партион бархионтæ 25 мин адæймагæй, базилдзысты 5 мин кæртмæ. Партийы Генералон нымæрдар бафæдзæхста «Иугонд Уæрæсе»-йы уæнгтæн, цæмæй кæртытæ æмæ æхсæнадон фæзты уавæр иртасой. Æрцыд партион проект царды уадзыны афон.
Æппæтуæрæсеон зиуы 26 апрелы дæр партийы уæнгтæ æхсызгонæй бацархайдзысты. Парти йæ скæндзæн бæстæйы Арæзтады министрадимæ. Уыцы иу рæстæг æхсæнадон фæзтæм, кæртытæм базилыны тыххæй уыдзæн онлайн хуызы хъæлæс кæнын. Райдай-дзæн 21 апрелы æмæ фæуыдзæн 12 июны.
Константин Михайлик куыд фехъусын кодта, афтæмæй «Горæтаг фадатджын алфамбылай»-ы программæ царды рауадзыны архайдтой 6 мин цæрæн бынаты. Цæрынц дзы 120 милуан адæймаджы. Нырмæ бæстæйы базылдысты 73 мин фæзмæ, уыдон ахсынц 50 мин гектары. «Нырыккон горæтаг фæзтæ саразыны регионалон программæтæн бахъæудзæн 193 миллиард сомы», – загъта цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады министры хæдивæг.
Республикæйы партион проект «Горæтаг фадатджын алфамбылай»-ы регионалон координатор, Паддзахадон Думæйы депутат Таймазты Артур куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Цæгат Ирыс-тоны ныр цалдæр азы проект æнтыстджынæй царды уадзынц. Йæ ныхасмæ гæсгæ, сæдæгай æхсæнадон фæзтæ æмæ кæртытæм базылдысты. Сæйрагдæр та уый у, æмæ цæрджытæ сæхæдæг схъæлæс кæнынц, сæхæдæг равзарынц, рæвдздæр кæмæ базилын хъæуы, уыцы бынæттæ.
Бархионтæ дæр тынг бæрнонæй бацархайынц хъæлæс кæныны, фарон Дзæуджыхъæуы цæрджытæ уынгты онлайн хуызы схъæлæс кодтой фæрæзты центр «Кавказы бархион»-ы руаджы. Ацы аз дæр хъæлæс кæндзысты, ахæм фæрæзæй спайда кæнгæйæ.
Санаты Альбинæ














