Хетæгкаты хъæбатыр инæлар

0
353

80 азы размæ 6 апрелы æфсæдтæн дæсны разамынды, командæгæнджыты хæстæ фæзминагæй æххæст кæнын æмæ немыцаг-фашистон тыхгæнджыты ныхмæ тохты лæгдзинад æмæ хъæбатырдзинад равдисыны тыххæй инæлар-майор Хетæгкаты Иваны фырт Георгийæн ССР Цæдисы Сæйраг Советы Президиумы Указмæ гæсгæ лæвæрд æрцыд Советон Цæдисы Хъæбатыры ном.

Георги (Габо) райгуырд хохаг хъæу Зæрæмæджы 1903 азы. Бинонтæ тынг мæгуыр кæй цардысты, уымæ гæсгæ йæ бон сахуыр кæнын баци æрмæстдæр Зæрæмæджы аргъуаны скъолайы.

Бынтон сабийæ тыллæг æфснайæнты куыста бонджынтæм, алы куыстытæ æххæст кодта Садоны æрзæткъахæны, æхсадта мигæнæнтæ Дзæуджыхъæуы афтечы, зæхкъахыны куыстытæ кодта Ирон-æфсæддон фæндагыл.

Уæрæсейы 1919 азы Граждайнаг хæст куы райдыдта, уæд бацыд Хуссар Ирыстоны топпæй æхсæг партизанты къордмæ, архайдта урсгвардион æфсæдты ныхмæ тохты.

1926 азæй 1939 азмæ алы рæтты æмæ алыхуызон æфсæддон бынæтты службæгæнгæйæ, ахуыр кодта æфсæддон уæлдæр курсыты дæр. Фæсаууонмæ ахуыр фæци М.В.Фрунзейы академийы дыууæ курсы, æмæ йæ снысан кодтой 1-аг Пролетарон Мæскуыйаг мотоæхсæг дивизийы артиллерийы хицауæй. 1941 азы мартъийы нысангонд æрцыд Ленинграды æфсæддон зылды 21-æм механизацигонд корпусы артиллерийы хицауæй.

1944 азы январæй фæстæмæ 1-аг Украинаг фронтимæ 1-аг гвардион æфсады штабы хицауæй архайдта Житомирск-Бердичевск æмæ Проскуровск – Черновицкы ’рдæм ныббырстыты. Фронты командæгæнæг Г.К.Жуков æй суæгъд кодта йæ бынатæй, йæ гуымирыдзинадæн ын Хетæджы-фырт цæхгæр дзуапп кæй ратта, уый тыххæй.

1945 азы мартъийы Хетæджы-фырты иугонд байста горæт-фидар Кюстрин. Берлинмæ ныббырсты операцийы райдайæны, дивизийы сæргъы лæугæйæ, ныббырста Зееловскийы бæрзæндтæм æмæ айгæрста фæндаг Берлины ’рдæм. Берлинмæ ныббырсты рæстæг Хетæджы-фырт 26 апрелы командæ кодта 29-æм гвардион топпæйæхсæг корпусæн æмæ дарддæры тохты дæр дæсны æмæ ныфсджынæй разамынд лæвæрдта уымæн. Авд суткæйы дæргъы корпусы æфсæддон хæйттæ горæты уынгты архайдтой карз хæстыты Берлины астæумæ бабырсыны тыххæй.

Берлины операцийы тыххæй æфсады командæгæнæг, гвардийы инæлар-булкъон, В.И.Чуйков 1945 азы 4 майы Хетæгкаты Георгийы балæвæрдта Советон Цæдиы Хъæбатыры ном дыккаг хатт райсынмæ. Фæлæ цæмæндæр хъæбатыры ном ивд æрцыд Суворовы 1-аг къæпхæны орденæй.

Германыл фæуæлахизы фæстæ Хетæгкаты Георги 1945 азы июлы нысангонд æрцыд 87-æм топпæйæхсæг корпусы командæгæнæгæй. Фæлæ, 1945 азы августы Советон-Япойнаг хæст куы райдыдта, уæд æй снысан кодтой 1-аг Дардскæсæйнаг фронты 1-аг Сырх Тырысайы æфсады 59-æм топпæйæхсæг корпусы командирæй. Хетæджы-фырты раза-мындæй корпус ныббырс-та Муданьцьзянмæ, уый фæстæ та горæттæ Харбин æмæ Чанчуньмæ. Дæс боны карз тохты архайгæйæ, корпусы æфсæддон хæйттæ тайгайы хæххон бынæттыл ахызтысты 400 километрæй фылдæр, ныццагътой 2000 япойнаг салдат æмæ афицеры. Хæстон тохты æмæ Квантуны æфсад састы бынаты куы ныллæууыд, уæд ма корпус ноджыдæр уацары райста 36 мин адæйма-джы.

 

Хæсты фæстæ, 1946 азæй 1962 азмæ, уыд Советон Æфсады разамонæг бынаты. 1963 азæй 1971 азмæ уыд Прибалтикæйы æфсæддон зылды командæгæнæг, 1971 азы июнæй фæстæмæ уыд ССР Цæдисы хъахъхъæнынады министрады Генералон инспекторты къорды æфсæддон инспектор-уынаффæгæнæг.

Хетæгкаты Георги Иваны фырт йæ цардæй ахицæн 1975 азы 3 сентябры. Ныгæд ис Мæскуыйы Новодевичьейы уæлмæрды.

Æфсады инæлар Хетæгкаты Иваны фырт Георги у г.Познаны кадджын цæрæг, Тадеуш Костюшкойы номыл дивизийы кадджын салдат, йæ номыл ис уынг Казахстаны, горæт АлмаАтайы, Мæскуыйы 1970-1975 азты цы хæдзары цард (Стыр Афанасьевскы фæрсуынг, 25) уый къулыл ис мемориалон фæйнæг, Дзæуджыхъæуы Хъæбатыры номыл ис уынг æмæ мемориалон фæйнæг, йæ ном хæссы Дзæуджыхъæуы зылды фæрсаг хъæу Заводскойы 34-æм астæуккаг скъола.

Афтæ фæстагæттæ нæ рох кæнынц номдзыд æфсæддон командæгæнæг, Æфсады инæлар, Советон Цæдисы Хъæбатыр Хетæгкаты Иваны фырт Георгийы.

 

Æрмæг бацæттæ кодта
Касаты Батрадз

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here