Депутаттæ – Рахизфарсы районы

0
37

Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Советы радон æмбырд, ацы хатт – Рахизфарсы районы. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.

Æмбырды архайджытæ æрныхас кодтой районы ивгъуыд азы социалон-экономикон рæзты бæрæггæнæнтыл, национ проекттæ куыд æххæст кæнынц, стæй, ацы аз районæн йæ размæ цавæр нысантæ лæууы, ууыл. Æппæт ацы фарстатыл æмбырды ныхас кодта Рахизфарсы районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Мырыкаты Хъазыбег æмæ райдыдта Парламенты уæнгтæн, сæ сæргъы Тускъаты Таймураз, афтæмæй, арфæйы ныхасæй, районы алы фарстатæ лыг кæныны рæстæг сæ фарсмæ кæй балæууынц æмæ зæрдиагæй æххуыс кæй кæнынц, уый тыххæй. Стæй рахызт сæрмагонд æфсæддон операцимæ. Куыд загъта, афтæмæй районы минæвæрттæй 5 сæдæйæ фылдæр архайынц хæсты, уыдон сты, æфсæддон дæсныйад чи равзæрста, кæмæ фæсидтысты, стæй, барвæндонæй чи ацыд, ахæмтæ. Хъыгагæн, 67 хæстоны сæм фæмард, 25 та нымад сты æбæрæгæй фесæфæгыл. Ивгъуыд аз сæрмагонд æфсæддон операцимæ район арвыста 85 тоннæйы гуманитарон æххуыс. Операцийы архайджыты 380 бинонтæн арæзт æрцыд социалон æвдисæндартæ, цæмæй сын æмбæлгæ æххуыс уа, уый тыххæй.

Ацы азы бюджеты бæрæггæнæнтæ куыд амынд æрцыдысты, уымæ гæсгæ æфтиæгтæ хъуамæ уой 1 миллиард æмæ 582 милуан сомы, хæрдзтæ – 1 миллиард æмæ 589 мил-
уан сомы, бюджеты кадавар – 7 милуанæй чысыл фылдæр. Ацы азы райдайæнмæ районы муниципалон хæс уыд 54 милуан сомы.

Дарддæр раныхасгæнæг ранымадта, район ивгъуыд азы дæргъы цы национ проекттæ æмæ паддзахадон программæтæ æххæст кодта, стæй, ацы аз кæй адарддæр кæн-
дзæн, уыдоны, æмæ бæстон æрдзырдта, сæ фæрцы къухы цы бафтыд, ууыл. Зæгъæм, Беслæны социалон-экономикон рæзты мадзæлтты пъланмæ хаст сты: районы центрон рынчындоны поликлиникæйы, «Фæсивæды галуан»-ы, Культурæйы хæдзары, Сывæллæтты сфæлдыстады хæдзары, транспортон инфраструктурæйы 15 объекты рацарæзт, Беслæны 1-æм скъолайы Терроризмы профилактикæйы центры арæзтад, Окружная уынджы цы парк ис, уый аивгæнæн куыстытæ, Терчы былгæрæтты фидаргæнæн арæзтæдты бындурон цалцæг. Уыдонæй уæлдай ма, ацы аз Беслæны аразын райдыдтой Сывæллæтты аивадон скъола.

Советы архайджытæ байхъуыстой, бюджетон процесс куыд арæзт цæуы, стæй, хи æфтиæгтæ фæфылдæр кæнынæн сæм цавæр гæнæнтæ ис, уый фæдыл районы цæстдарæн-нымайæн палатæйы разамонæг Тараты Людмилæйы раныхасмæ.

Парламенты промышленность, транспорт, бастдзинад æмæ амалхъомады комитеты сæрдар Киситы Мурат, районы социалон-экономикон рæзты уавæрыл ныхас кæнгæйæ, йе ‘ргом фылдæр аздæхта æнæлыггонд фарстатæм. Куыд загъта, афтæмæй фосдарынады къабазы афæдзы куысты бæрæггæнæнтæ зæрдæмæдзæугæ нæ рауадысты, афтæмæй та районы хъæууонхæдзарадон кусджытæн алы аз дæр вæййы паддзахадон æххуыс. Уыцы æххуысæй хæдзардзинæй спайда кæнынц æви нæ, уыцы хъуыддагмæ, депутаты хъуыдымæ гæсгæ, хъæуы æркæсын. Иннæ ахæм, районы æппæт агропромышленнон комплекс йæ къæхтыл фидарæй цæмæй слæууа, уымæн хъæуы, раздæр сæм цы донхорыггæнæнтæ уыд, уыдон ногæй рацаразын. Ноджы-
дæр ма иу лыггæнинаг фарста – бæлццæттæ ласынæн муниципалон маршруттæн сæ самал кæнын хъæуы транспорты 35 иуæджы.

Социалон политикæйы фарстатæ районы куыд лыггонд цæуынц, уый фæдыл уыд йæ раныхас Парламенты наукæ, ахуырад, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар Еленæ Князевайæн. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, иннæ районтау, Рахизфарсы районы дæр сагъæссаг у æрыгон дæсны кусджытæ – ахуыргæнджытæ, дохтыртæ – фаг кæй нæй, уый, æмæ йе ‘ргом аздæхта фæсивæды ‘хсæн профориентацион куыст рагацау кæнын райдайынмæ.

Советы уæнгтæ, ивгъуыд аз Рахизфарсы район бабæрæг кæнгæйæ, уыцы балцы фæдыл цы уынаффæтæ рахастой, уыдон афæдзмæ куыд æххæстгонд æрцыдысты, уый фæдыл ныхас кодта Парламенты закъонæвæрынад, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан. Депутат бафиппайдта, социалон-экономикон алы къабæзты фæдыл Парламенты уынаффæтæн сæ фылдæр район кæй сæххæст кодта.

Æмбырды фæстæ Тускъаты Таймураз, йемæ йæ хæдивæг Гутнаты Аслæнбег æмæ депутаттæ цалдæрæй, стæй районы сæргълæууæг Фрайты Сослан æмæ Мырыкаты Хъазыбег фембæлдысты районы æнæниздзинад хъахъхъæнынады къабазы кусджытимæ. Ныхас цыд, бынæттон цæрджыты æнæниздзинад хъахъхъæнынады мадзæлттæ куыд æххæстгонд цæуынц, медицинæйы къабаз районы куыд рацаразын хъæуы, цæмæй сæ куысты уавæртæ хуыздæр кæной, ууыл, вакцинаци æмæ æндæр фарстатыл.

Уый фæстæ Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта районы æртæ объекты. Ахуырадон процесс рацаразынæн, æрыгон курдиæттæ æргом кæнынæн æмæ аивадмæ кæстæрты æмхиц кæнынæн диссаджы уавæртæ ис Махъоты Ацæмæзы номыл Беслæны Сывæллæтты музыкалон скъолайы. Ивгъуыд аз йæ байгом кæныны кадджын бæрæгбоны архайдта республикæйы Сæргълæууæг Сергей Меняйло. Ног бæс-
тыхайы скъолайæн фæзынд ног уавæртæ дæр. Байгом, раздæр дзы чи нæма уыд, ахæм хайæдтæ. Музыкалон скъолайы разамонæг Татьянæ Ягода куыд загъта, афтæмæй сæм ныртæккæ ахуыр кæны 183 сывæллоны. Йе ‘нæниздзинад хъыгдард кæмæн у, ахæм сывæллæттæн дæр дзы ис ахуыр кæныны гæнæнтæ. Скъола арæзт æрцыд Беслæны социалон-экономикон рæзты мадзæлтты пъланмæ гæсгæ.

Хуымæллæджы Тускъаты Таймураз бабæрæг кодта амбулатори æмæ Наниты Оледжы номыл спортивон комплекс. Амбулаторийы дохтыр Хъуызелты Нинæ куыд радзырдта, афтæмæй медицинон лæггад кæнынц 3 337 ас адæймагæн æмæ 819 сывæллонæн. Иу суткæмæ сæ бон лæггад кæнын у 50 рынчынæн. Диспансеризаци сæм аххæссыд цæрджыты 95 процентыл. Медицинон кусджытæ сæ уавæртæй разы сты. Амбулаторийы ис процедурон кабинеттæ, ЭКГ, рынчынтæ боныгон кæм вæййынц, цыппар ахæм бынаты. Æххæст сты хъæугæ нырыккон медицинон ифтонггæрзтæй. Кусынц дзы терапевт, педиатр, сылгоймæгты низты дохтыр. Бахъуаджы рæс-
тæг сæм ис телемедицинон бастдзинад районы Центрон рынчындон æмæ республикæйы æппæт медицинон кусæндæттимæ. Хуымæллæджы раздæр нæ уыд амбулатори, цæрджыты цæуын хъуыд æндæр рæттæм. Ныр сæм уый фæзынд национ проект «Æнæниздзинад хъахъхъæнынад» æмæ федералон проект «Уæрæсейы Федерацийы æнæниздзинад хъахъхъæнынады фыццаградон къæпхæн рацаразын»-ы фæрцы.

Наниты Оледжы номыл нырыккон спортивон комплекс Хуымæллæджы арæзт æрцыд 2023 азы «Хъæууон фæзуæтты иумæйаг райрæзт»-ы паддзахадон программæйы æххуысæй. Йæ фæзуат у 1 365 квадратон метры, ис дзы грекъаг-ромаг хъæбысхæстæй архайыны зал, тренажерты зал, иумæйаг физикон цæттæдзинады зал. Кусынц дзы уæгъдибар хъæбысхæсты, боксы, армреслингы, фитнесы секцитæ. Сæ архайджыты нымæц æдæппæт у 214 адæймаджы.

Рахизфарсы районмæ кусæг балцæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Тускъаты Таймураз куыд загъта, афтæмæй, се ‘рбацыды нысан канд хорз ивддзинæдтæ бафиппайын нæ уыд, фæлæ ма сæм æнæххæстгонд чи у, уыцы фарстатæ равзарын æмæ сæ алыг кæнынæн мадзæлттæ ссарын, уыимæ, закъонæвæрынадон бындурыл дæр. «Хицаудзинады æппæт оргæнты æмхъаруйы архайды фæрцы хъуыддæгтæ се ‘ппæт æххæстгонд цæудзысты», – загъта Парламенты Сæрдар.

ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here