«Ирыстоны Намыс»-ы программæ арæзт æрцыд сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæй республикæйы паддзахадон хицаудзинад æмæ бынæттон хиуынаффæйады организацитæ, стæй æхсæнадон иугæндтæн дæсны разамонджытæ бацæттæ кæнынæн.
Куыд ахсджиаг у фарста, ууыл дзурæг у, программæйы Æхсæнадон советы сæргълæууæг нæ республикæйы разамонæг Сергей Меняйло кæй у, уый. Йæ хæдивæг – республикæйы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим.
Уый фæдыл сарæзтой Æхсæнадон совет, йæ уæнгтæй иу у Хетæгкаты Маринæ – паддзахадон фонд «Защитники Отечества»-йы цæгатирыстойнаг хайады разамонæг.
– Республикæйы цы ахуырадон программæ бацыд йæ тыхы, уый ахсджиаг проект у, ис ын стыр ахадындзинад. Нæ регионалон хайад ныр дыууæ азы кусы, уыцы рæстæгмæ хорз базыдтам, сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ ветерантæ сæйрагдæр цæмæй тыхсынц, уыдæттæ, се ‘хсæн – куыст агурын æмæ дæсныйад баивыны фæдыл ахуырты фарстатæ. Уымæ гæсгæ, программæйы архайын сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæн хорз фадат дæтты бæзгæ куыст ссарын æмæ зонындзинæдтæ фæуæрæхдæр кæнынæн. Программæ йæ тыхы куы бацыд, уæдæй фæстæмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджытæ æмæ ветерантæ æххуыс истой нæ фонды специалисттæй. Йæ архайджытæн фадæттæ скодтой техникон æххуыс исынæн, регистраци скæнынæн. Уымæн сын сæрмагондæй радих кодтой, компьютертыл интернетмæ бахизынæн кæм уыд фадат, ахæм агъуыст, – зæгъы фонды регионалон хайады сæргълæууæг.
Сæрмагонд æфсæддон операцийы ветерантæ æмæ архайджытæй курдиæттæ балæвæрдтой 385 адæймаджы. Хетæгкаты Маринæйы хъуыдымæ гæсгæ, ис ныфс, фидæны сæ алкæмæн дæр йæ бон кæй бауыдзæн царды йæ бынат ссарын. Программæйы сæйраг хæс у дæсны специалисттæ бацæттæ кæнын, хъуыддагзонæг разамонджытæн паддзахадон хицаудзинад æмæ бынæттон хиуынаффæйады оргæнты куыстæн уæрæх зонындзинæдтæ раттын, стæй республикæйы организацитæ æмæ æхсæнадон иугæндтæн разамонджытæ бацæттæ кæнын.
Нæ рæстæджы Фыдыбæстæ хъахъхъæнджытæй рауайдзæн ног дæсны
кадртæ æмæ разамонджытæ, бынæтты кусгæйæ сын ног фæлтæртæ хъомыл кæнын æмæ нæ паддзахады ног истори фыссынæн уыдзæн хорз фадат.
ХУЫБИАТЫ Ларисæ