Беслæн æмæ Алагиры фæндæгты нывыладæн…

0
79

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг Сергей МЕНЯЙЛО цы æмбырд сарæзта, уым ныхас уыд горæттæ Беслæн æмæ Алагиры фæндæгты рацарæзтыл.

Фембæлды архайæг уыдысты РЦИ-Аланийы Хицауады Сæрдар Дзанайты Барис, министрадтæ æмæ ведомствæты разамонджытæ, Рахизфарс æмæ Алагиры районты сæргълæуджытæ.

Зындгонд куыд у, афтæмæй Беслæны зынгæ куыстытæ бакодтой дон-
уадзæн æмæ канализацион хæтæлты рацарæзтыл. Бынæттон цæрджытæй бирæты хæдзæрттæ ныридæгæн баиу кодтой ног коммуникацитæм, иннæтæ дæр тагъд рæстæг пайда кæнын райдайдзысты ног донуадзæн æмæ канализацион хæтæлтæй.

Уыимæ, уавæр афтæ у, æмæ инженерон коммуникацитæ раивыны куыстыты фæстæ бирæ беслæйнаг уынгты фæндæгтæ ногæй хъæуы асфальтæй æрæмбæрзын. Рæстæг цæуы, фæлæ фарстайыл фаг архайд нæй. «Федералон программæйы фæрцы хæтæлтæ ивд æрцыдысты, фæндæгтæ банывыл кæныны куыстытæ та фæ-
къуыхцы сты. Уыцы æууæл тыхстдзинад æвзæрын кæны беслæйнæгты æрвылбоны царды. Уымæн быхсæн нæй, фарста æвæстиатæй хъæуы алыг кæнын. Ног коммуникацитæ хæдзæрттæм кæм бауагътой, уыцы уынгты цалцæг хæстæгдæр рæс-
тæг кæронмæ ахæццæ кæнут. Иннæ хæдзæрттæ æмæ æндæр объекттæ ног хæтæлтæм баиу кæныны архайд дæр фæрæвдздæр кæнут, цæмæй фæндаг-
аразджытæ сæ куыстытæм бавналой», – бацамыдта республикæйы Сæргълæу-
уæг.

Фарста алыг кæныны фæдыл Сергей Меняйло бæлвырд амынддзинæдтæ радта Цæрæнуатон-коммуналон хæдзарад, артаг æмæ энергетикæйы министрад æмæ Рахизфарсы районы разамындæн.

Беслæйнæгты цы фарста тыхсын кæны, уый хуызæн уавæр сæвзæрд Алагиры иуæй-иу уынгты дæр. Уыцы горæты донуадзæн хæтæлты рацарæзт ныртæккæ цæуы (куыстытæ хъуамæ ахицæн уой азы кæронмæ). «Фæлæ донуадзæнтæ ныридæгæн ивд кæм æрцыдысты, уыцы уынгты цалцæгмæ цæуылнæ ис бавналæн æмæ сæ ногæй асфальтæй æрæмбæрзын?» – профилон ведомствæты разамонджыты размæ фарста сæвæрдта Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг.

Дзанайты Барисæн амынд æрцыд, цæмæй Беслæн æмæ Алагиры уынгты фæндæгтæ банывыл кæныны фæдыл арæзт æрцæуа æвæстиат æмæ ахадгæ мадзæлттæ.

РЦИ-Аланийы
Сæргълæууæг
æмæ Хицауады
пресс-службæ

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here