Паддзахадон хæрзиуджытæ

0
78

Уæрæсейы Президент Владимир Путины Указæй Цæгат Ирыстоны æртæ минæвары хорзæхджынгонд æрцыдысты паддзахадон хæрзиуджытæй.

Уæрæсейы Наукæты академийы Дзæуджыхъæуккаг центры наукон разамонæг
Къусраты Анатоли йæ бирæазыккон архайды, наукæмæ стыр бавæрæны тыххæй хорзæхджынгонд æрцыд Кады орденæй.

Бæрзонд бæрæггæнæнтæ райсæг спортсменты æнтыстджынæй цæттæ кæныны тыххæй паралимпаг фæстауæрцы скъола «Стимул»-ы директор Гаглойты Валери хорзæхджынгонд æрцыд «Фыдыбæстæйы раз сгуыхтдзинæдты тыххæй» ордены I къæпхæны майданæй.

Скъола «Стимул»-ы тренер Наниты Асланы архайд фæбæрæг кодтой Хæлардзинады орденæй.

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here