Цæгат Ирыстоны фæндагон хæдзарад æмæ æхсæнадон транспорты
куысты фарстатæ нырæй фæстæмæ уыдзысты дыууæ сæрмагонд ве-
домствæйы бæрны. Уыцы къабазы, стæй цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады комплексы, социалон æмæ бюджетон политикæйы нывылады фарстатыл ныхас уыд, РЦИ-Аланийы премьер-министр ДЗАНАЙТЫ Барис
цы æмбырд сарæзта, уым.
Хицауады Сæрдар куыд фехъусын кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæджы уынаффæйæ ивддзинæдтæ хаст æрцыд профилон республикон ведомствæты скондмæ. Афтæ, фæндагон хæдзарад æмæ æхсæнадон транспорты куысты фарстатæ нырæй фæстæмæ уыдзысты дыууæ сæрмагонд структурæ – Фæндагон хæдзарады комитет æмæ Транспорты комитеты – бæрны. Дзанайы-фырты ныхасмæ гæсгæ, уыцы уынаффæйы сæйрагдæр нысан у зынгæ фæхуыздæр кæнын æхсæнадон транспорты куыст. Хицауады уæнгтæ æрдзырдтой ног ведомствæты архайды фæткыл.
Дæрддæр æмбырды архайджытæ æркастысты бюджетон политикæйы фарстатæм. Афтæ, 2025 азы фыццаг кварталы республикон бюджет куыд æххæстгонд æрцыд, уый тыххæй уыд йæ раныхас регионы финансты министры хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæг Оксанæ Каровайæн. Министры ныхасмæ гæсгæ, дзуаппон рæстæгмæ бюджеты æфтиæгтæ рауадысты 11 миллиард сомы бæрц, хæрдзтæ та схæццæ сты 12,2 миллиард соммæ. «Хъалонтæ æмæ æндæр гуырæнтæй æфтиæгтыл кварталмæ бафтыд 14 проценты, æмæ дарддæр дæр куыст цæуы сæ рæзтыл. Раздæр азты куыд уыд, афтæ ныр дæр республикон бюджеты ахадгæ æргом здæхт цæуы социалон нысаниуæджы статьятæм – хæрдзты 60 процентæй фылдæр дихгонд цæуынц æнæниздзинад хъахъхъæнынады, ахуырады, цæрæнуатон-коммуналон хæдзарады, социалон æфсисады, культурæ æмæ спорты къабæзтæн», – загъта Оксанæ Карова.
Фарстайæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй бюджеты социалон нысаниуæджы статьятæ æххæст кæнынæн азы æртæ мæймæ лæвæрд æрцыд 9 миллиард сомы, æмæ дарддæр дæр фыццаградон æргом здæхт цæудзæн социалон къабæзты нывыладмæ.
Æмбырды боны фæткы уыдысты кадрты фарстатæ дæр. Афтæ, экономикон рæзты министры хæдивæгæй нысангонд æрцыд Хлойты Тамерлан. Ног æмгъуыдмæ се ’ххæстбартæ адарддæр кодтой национ политикæ æмæ æддагон бастдзинæдты министры хæдивæг Къуымæллæгкаты Олег æмæ Фæсивæды хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдары хæдивæг Бекъойты Асланæн. Сæ куысты бынæттæй суæгъд кодтой Паддзахадон цæрæнуатон æмæ архитектурон-арæзтадон цæстдарды республикон службæйы разамонæджы хæдивæг Тимур Серокуров æмæ Транспорт æмæ фæндагон инфраструктурæйы комитеты сæрдары хæдивæг Дзампаты Игоры.
Хицауады уæнгтæ æрныхас кодтой Беслæны фыццæгæм скъолайы арæзт террористон фыдракæнды хъыгдард баййафæг адæмы æнæниздзинад фидардæр кæнынæн санаторон балцæгтæ дæттыныл, бирæфатерон цæрæн хæдзæртты бындурон цалцæджы фиддонтыл, ахуырадон-хъомыладон кусæндæттæн сæрмагонд паддзахадон гранттæ нысан кæныныл, туристон комплекс «Мамысон»-ы алфамбылай зæххы хæйттæ дих кæныны фæдыл сæрмагонд къамис саразыныл, стæй æндæр ахсджиаг фарстатыл.
СЛАНТЫ Аслан