Уыд Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Парламенты Советы радон æмбырд. Амыдта йæ Парламенты Сæрдар ТУСКЪАТЫ Таймураз.
Депутаттæ равзæрстой æмæ æрныхас кодтой республикæйы социалон-экономикон æмæ æхсæнадон-политикон цардимæ баст федералон æмæ республикон закъонты проекттæ æмæ Уæрæсейы Федерацийы иуæй-иу субъектты закъонæвæрынадон хъæппæристыл.
«Уæрæсейы Федерацийы фæсарæйнаг граждæнты барадон уавæры тыххæй» федералон закъонмæ, стæй «Уæрæсейы Федерацийы граждæнтæн референдумы архайыны бар æмæ æвзæрстыты архайыны барты сæйраг зæрдæдарæнты тыххæй» федералон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» федералон закъоны проекты фæдыл раныхас кодта Парламенты закъонæвæрынады, закъонад æмæ бынæттон хиуынаффæйады комитеты сæрдар Черчесты Аслан. Документы амынд цæуы, бынæттон хиуынаффæйады оргæнтæм æвзæрстытæ æмæ бынæттон референдумы архайыны бар фæсарæйнаг граждæнтæн кæй нæ уыдзæн, уый.
Тускъаты Таймураз куыд бафиппайдта, афтæмæй ацы закъонæвæрынадон хъæппæрис рагæй хъуыд, уымæн æмæ хъахъхъæны нæ бæстæйы интерестæ.
«Уæрæсейы Федерацийы ахуырады тыххæй» федералон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй» федералон закъоны проект Советы уæнгтæн сæ размæ рахаста Парламенты наукæ, ахуырад, культурæ æмæ информацион политикæйы комитеты сæрдар Еленæ Князева. Закъоны проекты нысан у, ахуыргæнджытæ скъолаты фаг кæй нæ кæны, уæлдайдæр иуæй-иу предметтæй, уыцы фарста алыг кæнын, уыимæ, æрыгон ахуыргæнджытæ сæ равзæрст дæсныйадыл стырзæрдæ цæмæй ма кæной, уый. Документ хистæр курсыты студенттæн бар дæтты, цæмæй, ахуыргæнгæйæ, сæ педагогон куыст райдайой колледжтæ æмæ астæуккаг профессионалон ахуыргæнæндæтты. Æрмæст ахæм бар уыдзæн, фæстаг æртæ азы дæргъы йæ ахуыр æнаипп кæмæн уыд, уыцы студенттæн.
Еленæ Князева ма æркæсынмæ рахаста уæлдæр амынд федералон закъонмæ ивддзинæдтæ бахæссыны тыххæй ахуырады къабазимæ баст иннæ закъоны проект дæр. Ацы ран ныхас цæуы, фидын кæмæн хъæуы, уæлдæр ахуыргæнæндæтты ахуыры ахæм бынæтты нымæц фæкъаддæр кæныныл. Хъуыддаг уый мидæг ис, æмæ уæлдæр ахуыргæнæндæтты æхца бакусыны охыл азæй-азмæ фылдæр кæнынц, фидын кæмæн хъæуы, ахæм бынæтты нымæц. Уый аххосæй сбирæ сты, абоны царды æхсызгонæй чи нæ хъæуы, ахæм дæсныйадыл сахуыргæнæг рауагъдонтæ. Сахуыр кæнынц, стæй уый фæстæ райдайынц куыст агурын. Экономикæ, промышленность, хъæууон хæдзарад, адæмон хæдзарады иннæ къабæзтæ цы дæсныйæдтæ домынц, ахæм специалисттæн та ссарæн нæ вæййы. Афтæ цæмæй мауал уа, уый тыххæй
хъуыддаг йæ къухмæ райста Уæрæсейы Хицауад æмæ нырæй фæстæмæ уæлдæр ахуыргæнæндæттæн амондзæн, фидын кæмæн хъæуы, ахæм бынæттæ сæм цас хъуамæ уа, уый, æмæ афтæмæй уыцы бынæтты нымæц гыццылгай къаддæр кæн-дзæн.
Советы уæнгтæ бай-хъуыстой, РЦИ-Аланийы Граждайнаг уавæры акттæ фыссыны управлени (ЗАГС) ивгъуыд аз куыд бакуыста, уый фæдыл йæ разамонæг Хъаныхъуаты Аллæйы раныхасмæ. Сæ куысты ахсджиагдзинад бафиппайгæйæ, уый
фехъусын кодта ахæм бæрæггæнæнтæ: ивгъуыд азы дæргъы æдæппæт скодтой 23 736 ныффысты, уыдонæй 7 259 – сывæллоны райгуырды тыххæй, 6 780 – адæймаг амæлыны тыххæй, 2 507 – къайад скæныны тыххæй, 3 338 – къайад фехалыны тыххæй æмæ афтæ дарддæр. Стæй раныхасгæнæг йе ‘ргом аздæхта ацы азы нысантæм æмæ, сæ куысты цы фæзилæнтæ ис, уыдонмæ.
Фарстайы фæдыл æмдоклад скодта Парламенты социалон политикæ, æнæниздзинад хъахъхъæнынад æмæ ветеранты хъуыддæгты фæдыл комитеты сæрдар Реуазты Ларисæ.
«Республикæ Цæгат Ирыстон-Аланийы Дыгуры районы бюджетæн 2022-2023 азты республикон бюджетæй цы фæрæзтæ лæвæрд æрцыд, уыдонæй куыд æмæ цас
хæдзардзинæй спайда кодтой, уый сбæрæг кæныны куысты хатдзæгты тыххæй» Цæстдарæн-нымайæн палатæйы хъусынгæнинаджы тыххæй» Парламенты Советы уынаффæ куыд æххæстгонд æрцыд, уый фæдыл уыд Дыгуры районы бынæттон хиуынаффæйады администрацийы сæргълæууæг Туккаты Рустамы раныхас. Фарстайы фæдыл ма раныхас кодтой Цæстдарæн-нымайæн палатæйы аудитор Айларты Алан æмæ Парламенты промышленносты, транспорты, баст-дзинад æмæ амалхъомады комитеты сæрдар Киситы Мурат дæр.
Федералон æмæ республикон закъонты проектты фæдыл ма сæ хъуыды загътой Парламенты профилон комитетты сæрдартæ Хæдарцаты Аслæнбег, Остъаты Георги, Реуазты Ларисæ æмæ Джиоты Георги.
ДЕДЕГКАТЫ Зæлинæ