Кировыхъæуы рæвдауæндоны къæсæрæй æрвылбон цы сабитæ æрбахизынц, уыдоны хи хъæбултау рæвдауынц, фæлмæнæй сæм дзурынц æппæт коллектив дæр, сæ сæргъы Калоты Дианæ. Ныр æхсæз азы кусы рæвдауæндоны сæргълæууæгæй, алцæмæ дæр кæсы лæмбынæг.
– Разы дæн мæ куыстхъом коллективы архайдæй. Иууылдæр иумæ кусæм, цæмæй сабитæ хъæлдзæг æмæ пайдаджынæй æрвитой сæ рæстæг.
Ныййарджытæ ныл бау-уæндыдысты, æмæ сæ зæрдæхудты ницæмæй бацæудзыстæм. Районы ахуырады хайады дæлбар стæм, æмæ нын дæс бонмæ цы меню бацæттæ кæнынц, уыцы фæтк æххæст кæнæм. Сывæллæтты фынгтыл, æнæмæнг, вæййы æхсырæй конд хæринæгтæ, дзидза, кæсаг, халсартæ, дыргътæ, адджинæгтæ, – зæгъы Дианæ.
Хæрзад æмæ хæрзхъæд хæринаг сабитæн ныр 35 азы кæны фæлтæрдджын хæринаггæнæг Козаты Риммæ.
Рæвдауæндоны ис æртæ къорды, дыууæаздзыдæй авд азы онг, – 35 чызг æмæ лæппуйы. Хи хъæбултау сæ рæвдауынц Кировыхъæуы рæвдауæндоны Гогаты Анисæ, Валентинæ Мякишева æмæ иннæтæ. Уыдоны фарсмæ æнтыстджынæй кусынц Токты Оксанæ, Гагиты Дианæ, полилингвалон къорды сывæллæттимæ кусы, ирон æвзагмæ уарзондзинад сæм гуырын кæны хъомылгæнæг Дигойты Мæдинæ. Сæхи хъарутæй сарæзтой рагон дзаумæтты зæрдæмæдзæугæ чысыл музей, уырдæм сын ирон уæлæдарæс балæвар кодта зындгонд хуыйæг Годжыцаты Изольдæ.
– Сабидуг уарзон, æнæферохгæнгæ у. Хъуамæ сывæллон йæ фыццаг
къахдзæфтимæ банкъара æгъдау, æфсарм, ирондзинад. Ирон къуымы сабитæ цымыдисæй фæкæсынц дзаумæттæм æмæ фæхъусынц радзырдтæм.
Арфæйы ныхæсты аккаг у хæдзарадон фарстатыл дзуапдæттæг Добаты Ритæ, Баситы Тоня ссæдз азы бæрц бакуыста рæвдауæндоны сæргълæууæгæй, ныр дæр йе ’ххуысы хай хæссы коллективы куыстмæ.
Кæддæр йæхæдæг ацы кæрты чи хъазыд, уыдонæй бирæтæ ныр кæнынц сæ кæстæрты. Æртыгай хъæбултæ хонынц рæвдауæндонмæ Мамытты Сослан æмæ Зæринæ, Икъоты Азæмæт æмæ Индирæ, чидæртæ та дыгай сабитæ хонынц.
Рæвдауæндон арæзт æрцыд 1987 азы колхозонты сывæллæттæн. Уæдæй абонмæ бындуронæй цалцæггонд нæма æрцыд. Æрыдоны администраци æмæ ахуырады департаменты æххуысæй баивтой электрон тыхы телтæ, уымæй размæ ивд æрцыдысты рудзгуытæ.
– Тынг æхсызгон нæ хъæуы сывæллæттæн нырыккон хъазæн фæз, æнхъæлмæ кæсæм цалцæггæнæн куыстытæм, – зæгъы Дианæ. Йæ хъуыдымæ гæсгæ, уыцы аххосæй бирæ ныййарджытæ, хуыздæр уавæртæ агургæйæ, сæ кæстæрты ласынц сыхаг хъæу Мичурины ног рæвдауæндонмæ. Цæмæй сывæллæттæ сæ кармæ гæсгæ фаг зонындзинæдтæ райсой, уый тыххæй алцыдæр конд цæуы, фæлæ ма хорз уаид, ацы ирон хъæумæ кусынмæ куы æрцæуид музыкæйы ахуыргæнæг, æхсызгонæй йæ суазæг кæниккой рæвда-уæндоны. Сæ рæсугъд æфснайд кæрт, хъазæн фæз, херытæ æндæр ифтонггарзæй куы сфидауид. Рæвдауæндоны бæстыхаймæ æдзух цæстдард ис, æцæгæлон адæймаг дзы æвастæй нæ бацæудзæн, фæлæ йæ алыварс быру дæр у аразинаг.
Ацы хуры хуызæн чызджытæ æмæ лæппутæ Кировыхъæуæн йæ райсом, йæ рæсугъд фидæн сты, æмæ хъуамæ æнæнизæй, хъæл-дзæгæй аккаг уавæрты хъомыл кæной.
Гугкаты Жаннæ














