Мыггагæй – сæрбæрзонд, Ирыстоныл – æнувыд…

0
171

Райгуырæн бæстæйыл иузæрдион, ирондзинад æмæ мадæлон æвзагыл æнувыд уæвын, зонын-дзинæдтæм тырнын – ацы арфæйаг миниу-джытæ рæзгæ фæлтæры зондахасты гуырын кæнын сæхицæн ахсджиаг хæсыл нымайынц Слантæ æмæ Хуыгаты мыггаджы ныхасы уæнгтæ.

Дыууæ æрвадиуæггæнæг мыггаджы ныхасы сæрдар Хуыгаты Спартакы раза-
мындæй уынаффæдоны уæнгтæ кæстæртимæ куысты бирæ алыхуызон мадзæлттæй архайынц: фæсивæдæн саразынц цымыдисаг рухстауæн-зонадон, спортивон-хиирхæфсæн конкурстæ æмæ æндæр ерыстæ… Æхсызгон у, æрыгæттæ уыцы ерысты зæрдиагæй кæй фæарха-йынц, сæ зонындзинæдтæ æмæ арæхстдзинад ирдæй кæй равдисынц, уый.

Æмæ та æрæджы ног бафæзминаг хъæппæрис равдыстой Слан æмæ Хуыгайы байзæддæгтæ – сæ кæстæртæн сарæзтой нывæцæнты конкурс «Æз сæрыстыр дæн мæ мыггагæй».

Сфæлдыстадон ерысы архайджытæн хæслæвæрд уыд, цæмæй ныффыссой мыггаджы историйы хабæрттæ, радзурой фыдæлтыккон æгъдæуттæ, ахсджиаг цаутæ æмæ зындгонд адæймæгты цардвæндаджы тыххæй… Ацы æмæ иннæ темæтæм фæсивæд цымыдисдзинад равдыстой æмæ нысангонд æмгъуыдтæм конкурсон къамисмæ балæвæрдтой сæ куыстытæ (ныффыстой сæ ирон æмæ уырыссаг æвзæгтыл). Ерысгæнджытæ уыдысты Дзæу-джыхъæу, Ногир, Сунжæ, Камбилеевкæ æмæ Къуайсайæ.

Къамис алкæцы нывæцæнмæ дæр бæстон æркаст æмæ сфидар кодта йæ хатдзæгтæ. Афтæ, ерысы уæлахиздзаутыл нымад æрцыдысты дыууæйæ: Сланты Тимур (28 азы) æмæ Хуыгаты Аланæ (20 азы). Къамисы уæнгты хъуыдымæ гæсгæ, Тимур æмæ Аланæйы куыстытæ рауадысты æппæты бæстондæр, уæрæхдæр æмæ æххæстдæр, дыууæ авторы дæр бацархайдтой сæ равзæрст темæ æппæтвæрсыгдæрæй равдисыныл (уыимæ, сæрмагондæй бæрæггонд æрцыд, Сланы-фырт йæ нывæцæн мадæлон æвзагыл кæй ныффыста, уый). Дыккаг æмæ æртыккаг бынæттæ саккаг кодтой Хуыгаты Маринæ (15 азы) æмæ Хуыгаты Миланæйæн (15 азы).

«Царды фæндæгтæ адæймаджы цыфæнды дард куы ахæссой йæ рай-
гуырæн къæс, йæ райгуырæн хъæуæй, уæддæр дзы никуы рох кæнынц, арвы цъæх фыццаг хатт кæм федта, зæлдаг кæрдæгыл бæгъæввадæй кæм азгъордта, уыцы бынæттæ. Нæ фыдæлтæ æмæ хистæртæй Дзауы районы Брытъаты хъæуæй æндæр рæттæм чи афтыд, уыдонæй иу дæр нæ уыд, уыцы алæмæты бæстæ чи нæ мысыд. «Мæнæн мæ Райгуырæн бæстæ Брытъа-тæй райдайы», – дзырдта-иу Сланты бæгъатыр инæлар Лентъо. Зындгонд таурæгъгæнæг Сланты Гаха та афтæ загъта: «Брытъаты рæсугъддзинад мын мæ уд «сцыргъ» кодта зарынмæ дæр æмæ цæрынмæ дæр», – афтæ ныффыста йæ нывæцæны Тимур.

Ахæм рæсугъд æмæ нуарджын æвзагæй фыст уыдысты конкурсы иннæ архайджыты куыстытæ дæр.

Ерысы уæлахиздзаутæ æмæ иннæ архайджыты фæстæдæр фæхуыдтой мыггаджы ныхасы æмбырдмæ æмæ сын кадджын уавæры раттой сæ хæрзиуджытæ. Тимур æмæ Аланæ-йæн раттой уæлахиздзауы дипломтæ    æмæ   æхцайы премитæ фæйнæ  35 мин сомы бæрцæй,  Маринæйæн – диплом æмæ преми 25 мин сомы æмæ Миланæйæн – диплом æмæ преми 15 мин сомы бæрцæй. Уыимæ, конкурс саразджытæ æрхъуыды кодтой ерысы иннæ архайджыты зæрдæргъæвд куыст дæр – алкæмæндæр сæ саккаг кодтой кады гæххæттытæ æмæ æхцайы премитæ фæйнæ 5 мин сомы бæрцæй.

Иу ныхасæй, конкурс «Æз сæрыстыр дæн мæ мыггагæй»-ы фыццаг фæлварæн фæрæстмæ. Йæ саразджытæ æмæ ерысгæнджытæ дæр разыйæ баззадысты сæ иумæ-
йаг æмархайдæй. Зæрдæ дарæн ис, Слантæ æмæ Хуыгаты мыггаджы ныхасы хъæппæрисджын архайды фæрцы æндæр зæрдæмæ-дзæугæ хъомыладон-рухстауæн фембæлдтытæн дæр æвдисæн кæй уыдзыс-тæм, ууыл.

КАЛМАНТЫ Аслан

 

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here