Æрæфы районы спортмæ стыр æргом кæй здахынц, уымæн æвдисæн сты, арæх дзы алыхуызон ерыстæ кæй аразынц, уый. Æрæджы та Цыколайы спортивон-æнæниздзинад фидаргæнæн комплексы уыд Уæрæсейы Æдасдзинады федералон службæйы управлени «А»-йы, йæ хæстон хæстæ æххæстгæнгæйæ, фæмардуæвæг лейтенант Павел Кирсановы номарæн республикон турнир боксæй.
Ерыстæ арæзт æрцыдыс-ты республикæйы Боксы федераци, Павелы хæстон æмбæлттæ Александр æмæ Илья, спортивон-æнæниздзинад фидаргæнæн
комплексы директор Надгериты Ирбег æмæ Фадзайты Арсены номыл спортивон скъолайы боксæй тренер Дедегкаты Зауыры æххуысæй.
Мадзал кадджын уавæры байгом кодтой æмæ турниры архайджытæн зæрдиагæй арфæ ракодтой: Æрæфы районы сæргълæууæг Хамихъоты Роберт æмæ йæ хæдивæг Махъоты Сослан.
Ерысты архайдтой сæдæйæ фылдæр 11-12- æмæ 13-14-аздзыд спортсмены Цæгат æмæ Хуссар Ирыстонæй, Цæцæны Республикæ æмæ Белгороды облæстæй.
Тохтæ рауадысты тынг цымыдисаг. Уæлахизмæ тырнындзинад æмæ хорз цæттæдзинад æвдыстой æппæт æрыгон боксертæ дæр. Æрæфы районæй турниры архайдтой æртындæс лæппуйы æмæ æнæ хæрзиуджытæй нæ баззадысты. Афтæ, фыццаг бынæттæ сæхи уæзты бацахстой Тетцойты Исмæил (50 кг) æмæ Бетрозты Темболат (48 кг), дыккаг бынæттæ – Айдарты Марат (38 кг) æмæ Цæри-къаты Майрæн (36 кг).
Уæлахиздзаутæ æмæ призон бынæттæ бацахсæг спортсментæн лæвæрд æрцыд майдантæ æмæ грамотæтæ. Æппæт архайджытæн дæр олимпиаг чемпион, Уæрæсейы хъæбысæйхæсты иугонд командæйы сæйраг тренер Гуæцæлты Хадзымурат йæхи номæй балæвар кодта боксерты экипировкæ. Дедегкаты мыггаг дæр сын саккаг кодта лæвæрттæ. Хуыздæр боксертæн та сæрмагонд номинациты раттой æхцайы премитæ.
Сæйраг кубок лæвæрд æрцыд Хуссар Ирыстоны иугонд командæйæн.
Турнир, æнæмæнг, фæахъаз уыдзæн регионты ‘хсæн спортивон бастдзинæдтæ фидар кæнынæн, сæйрагдæр та – Павел Кирсанов æмæ йе ‘мхуызæттæ, йæ цард чи ратта нæ
Райгуырæн бæстæйы сæрвæлтау, уыдоны нæмттæ сæнусон кæнынæн.
ТЕМЫРТЫ Алинæ














