Хæдбардзинады акт – ахсджиаг политикон цау

0
141

Æртын æртæ азы размæ ацы бон Хуссар Ирыстоны Сæйраг Совет сфидар кодта акт республикæйы хæдбардзинады фæдыл, æмæ сси сæйрагдæр паддзахадон бæрæгбæттæй иу. Нырыккон историйы уыцы цау стыр ахъаз уыд, хуссайраг ирæтты юридикон æгъдауæй Гуырдзыстоны националисттæй бахъахъхъæнын æмæ адæмæн сæ  национ хæдуагæвæрды бар сфидар кæнынæн. Историон цауы фæдыл нæ уацхæссæг ныхас кодта Хуссар Ирыстоны Президенты Администрацийы аналитикон хайады сæргълæууæг Уæзæгты Юриимæ æмæ йын уый радзырдта:

– Дæсгай азты Хуссар Ирыстон уыд автономон облæст Гуырдзыстоны республикæйы. Ивгъуыд æнусы 80-æм азты астæу Гуырдзы рахызтысты  бирæнацион унитарон паддзахад аразынмæ. Уыцы уавæры республикæйы автономи, ирон æвзаг, культурæ, æппынфæстаг, сæ фыдæлты зæххыл цæрыны бартæ хъуамæ ист æрцыдаиккой. Хъуыд хи паддзахад саразын, æмæ сæвзæрстой автономон республикæйы Сæйраг Советмæ минæвæртты. Депутаттæ райстой Хæдбардзинады фæдыл деклараци, Хуссар Ирыстоны ацыд æппæтадæмон референдум, æмæ 1992 азы 29 майы сфидар кодтой республикæйы хæдбардзинады фæдыл акт. Алы къахдзæф дæр уыд нысанмæ арæзт, баст уыд сæвзæрд уавæрты республикæйы национ интерестæ бахъахъхъæнынæн æнæмæнгхъæугæ барадон бындур саразын æмæ паддзахады хæдбардзинад  бахъахъхъæнынимæ.

Зæгъын мæ фæнды, Акт цы уавæрты ист æрцыд, ахæм уавæрты: Гуырдзыйы ‘рдыгæй Цхинвал æхстой артиллерийæ, уымæй фараст боны раздæр Зары фæндагыл æрцыд трагеди. Документы сфидарæй республикæйы Парламент равдыста йæ политикон цæттæдзинад æмæ адæмы национ интерестæ хъахъхъæныны фæнд, Иугонд Нациты Организацийы устав нæ фехалгæйæ. Адæм кæй равзæрстой, уыцы депутаттæ æртын æртæ азы размæ хъæддых куы нæ фæлæууыдаиккой, уæд, гæнæн ис, æмæ сыл Тырсы æмæ Хъуды комы ирæтты æмбисонд æрцыдаид (абон дæр хæлддзаг хæдзæрттæ æмæ фыдæлты ингæнтæ бабæрæг кæнынæн нæй фадат), цы азтæ рацыд, уыцы рæстæгмæ ирæтты зæххытæ ссыгъдæг кодтаиккой. Уымæ гæсгæ, райст юридикон гæххæтт уыд, ныры хæдбар паддзахад цæй фæрцы цæры æмæ рæзы, уыцы иунæг документ.

Уæрæсе йæ хъахъхъæны, афтæмæй Хуссар Ирыстон цæры, размæ цæуы, афтæмæй. Уыдонимæ,  ахуырад æмæ культурæ. Зæгъæн ис, æмæ республикæйы экономикæ сног кæныны процесс кæронмæ æрхæццæ, æмæ рахызтыстæм уæлдæр æмвæзадмæ – хи экономикæ аразынмæ. Ацы къуыри Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны хицауадты ‘хсæн къамистæ фембæлдысты горæт Минеральные Водыйы. Форумы архайджытæ ныхас кодтой республикæйы социалон-экономикон рæзты ног программæ бацæттæ кæныны фарстайыл.

ХУЫБИАТЫ Ларисæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here