Рæзгæ фæлтæрыл ауды

0
131

Уæрæсейы Мидхъуыддæгты министрады æнахъомты хъуыддæгты фæдыл службæйыл сæххæст нæуæдз азы

Æнувыд ныййарджытæ сывæллоныл, æвзæрдзинадæй йæ хизгæйæ, куы узæлынц, сабидуг у царды ахæм æвæджиауы афон. Фæлæ, хъыгагæн, сабидуг æппæт сывæллæттæн царды бæллиццаг афоныл нымад нæ вæййы. Иуæй-иу сывæллæттæн æнæмæт цард бæллицæй баззайы.

Царды зындзинæдтæ бавзарæг сывæллæттæн баххуыс кæнынмæ æмæ æнæсæрфат хъуыддæгтæй рæзгæ фæлтæр бахизынмæ бæллæг Тедеты Зæлинæ æвддæс азы размæ Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет дæсныйад «Райдиан
ахуырады педагогикæ æмæ методикæ»-мæ гæсгæ каст фæуыны фæстæ службæ кæнын райдыдта Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады æнахъомты хъуыддæгты фæдыл дæлхайады. Раст зæгъгæйæ, барадхъахъхъæнæг оргæнты службæ кæнын райдайыны размæ Зæлинæ цалдæр азы дæргъы скъолайы бакуыс-та ахуыргæнæгæй, фæлæ æвзæрдзинадæй фæсивæды бахизынæн барадхъахъхъæнæг оргæнтæ ахуыргæнæндонæй фылдæр кæй ахъаз кæнынц, уый хатгæйæ, педагог пъæлицæмæ кусынмæ бацыд. Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл дæлхайады хицау Балаты Фатимæ æмæ иннæ кусджыты цæстуарзон æххуысы фæрцы Зæлинæ цыбыр рæстæгмæ службæйы лыс-тæг фæзилæнтæ рахатыд, куыст æнæлазæй ацыд.

Æвддæс азы дæргъы Тедеты Зæлинæ Дзуарыхъæуы, Хохы Фыййагдон æмæ Майрæмададжы цæрæг адæмы æхсæн æмбарынгæнæн куыст æххæст кæны, уæлдай фылдæр æргом здахы астæуккаг æмæ хистæр кълæсты ахуырдзаутæм, стæй сывæллæтты ныййарджытимæ куыстмæ. Æнахъомтимæ куыст барадхъахъхъæнæгæй цырддзастдзинад æмæ фæразондзинад кæй домы, пъæлицæйы кусæг сылгоймаг уый рагæй рахатыд. Хатгай барадхъахъхъæнæг сылгоймаджы бахъæуы царды зын уавæры бахауæг бинонтæн æххуыс кæнын, науæд та – ныййарæджы хæстæ уæлæнгай æххæстгæнæг адæймæгтæн бауайдзæф кæнын. Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл дæлхайады кусæг адæймаджы хæс у пъæлицæйы номхыгъдтæм бахауæг сывæллæттимæ иумæйаг æвзаг ссарын, радон рæдыдтытæй сæ бахизын, царды раст фæндаг сын бацамонын æмæ, адæмимæ кусгæйæ, Зæлинæ архайы уæлдæрамынд домæнтæ æнаиппæй æххæст кæныныл.

Кæй зæгъын æй хъæуы, куысты хæстæ æххæст кæнгæйæ, хатгай барадхъахъхъæнæг сылгоймаг зындзинæдтæ дæр бавзары. Зæгъæм, пъæлицæйы номхыгъдтæм бахауæг сывæллæтты ныййарджытæй иуæй-иуты «пъагонджын ахуыргæнæджы» уынаффæтæм хъусын нæ фæфæнды, ныййарджытæ сæ цоты хъомыладмæ фаг æргом не здахынц. Фæлæ цыфæндыйæ дæр Зæлинæ архайы службæйы хæстæ æнæлазæй, зæрдиагæй æххæст кæныныл, рæзгæ фæлтæрæн царды раст фæндаг бацамоныныл.

Хъомыладон фарстатæм стыр æргом здахгæйæ æмæ куысты нырыккон мадзæлттæй пайда кæнгæйæ, Алагиры районы мидхъуыддæгты хайады æнахъомты хъуыддæгты фæдыл дæлхайады кусджытæ рæзгæ фæлтæрыл кæй аудынц, уый дызæрдыггаг нæу.

 

Гæззаты Зæринæ,
Мидхъуыддæгты
министрады Алагиры районы  хайады
инспектор

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here