Мыхуыры рацыд сывæллæтты журнал «Ногдзау»-ы ацы азы 3-æм номыр. Уæлахизы бонмæ журнал байгом Ирыстоны зындгонддæр поэттæй иу Бестауты Гиуæргийы æмдзæвгæ «Уæлахизы бон! Уæлахизы май!»-йæ.
Поэзийыл дзургæйæ, сывæллæттæ зæрдиагæй бакæсдзысты поэт Скъодтаты Эльбрусы, Дзæуджыхъæуы 61-æм рæвдауæндоны ирон æвзаджы ахуыргæнæг Хæбæлаты Алетæйы, Дзæуджыхъæуы 61-æм рæвдауæндоны сæргълæууæг Хъантемыраты Ларисæйы, Цхинвалы 12-æм скъолайы 7-æм къласы ахуырдзау Санахъоты Моникæйы æмæ ацы скъолайы 5-æм къласы ахуырдзау Тасойты Владиславы æмдзæвгæтæ, Сланты-Дауыраты Зояйы дырæнхъонтæ æмæ æмдзæвгæтæ.
Цымыдисаг у Цхинвалы 12-æм скъолайы ахуырдзау Дзукъаты Дианæйы аргъау «Гæды æмæ мыст», ацы скъолайы ахуырдзау Бигъуылты Вероникæйы радзырд «Дыууæ æфсымæры», Дзасохты Музаферы тæлмацæй африкæ-
йаг аргъау «Антилопæ æмæ хæлуарæг», Будайты Милусяйы «Нанайы аргъау».
Цымыдисаг сты, сывæллæттæ хæсты архайджытæм цы фыстæджытæ арвыстой, уыдон – «Фыстæг салдатмæ».
Журнал хъæздыг у базон-базонтæй, æмбисæндтæй, ис дзы сканворд, дзырдбыд…
Журнал сæ нывтæй саив кодтой нывгæнджытæ: Кънаттаты-Амилаханты Аминæ, Сæбанты Ирбег, Дзиуаты Земфирæ, Абайты Аркади, Берозты-Дзукъаты Алинæ, Мурат Брызгалов, Æлборты Ацæмæз, Цомайты Аллæ…
Абайты Эдуард














