Уæрæсейы премьер-министр Михаил Мишустин йæ къух кæм æрæвæрдта, бæстæйы Хицауад ахæм уынаффæйæ зæххы хæйттæй пайда нæ кæныны æвдисæнты номхыгъд сфидар кодта.
Амынд æвдисæнтæм хауынц мæнæ ахæмтæ:
– зæххы хайæн йе ’мбисæй фылдæр хайыл арæзтадон æппарæццæгтæ æмæ хъæбæр коммуналон бырæттæ бамбырд сты;
– зæххы хайæн йе ’мбисæй фылдæр хайыл метрæй бæрзонддæр хæмпæлгæрдæг æрзад;
– арæзтадæн кæй раттой, фондз азы дæргъы уыцы зæххы хайыл бæстыхæйттæ нæй (хицæн адæймаджы цæрæнуаты арæзтадæн – кæс дарддæр;
– хицæн адæймагæн цæрæнуат саразынæн кæй раттой, авд æмæ уымæй фылдæр азы дæргъы уыцы зæххы хайыл цæрæнуат нæй;
– хæлд кæй сæр æмæ къултæ сты, рудзгуытæ, кæнæ рудзгуытыл æвгтæ кæмæн нæй, зæххы хайыл ахæм æрдæгхæлд бæстыхæйтты фæзынд (аиппытæ цы бон раргом сты, зæххы хайы хицау сæ уыцы бонæй афæдзы дæргъы иуварс кæнын нæ райдыдта, зæгъгæ, ахæм æууæлимæ).
Ацы фæтк райхалинаг, кæнæ рацаразинаг объекттыл не ’ххæссы. Зæххы хайыл кæд цалдæр бæстыхайы ис, уæд, пайда кæмæй нæ кæнынц, зæххы хай ахæмыл банымайынæн æрдæгхæлд хъуамæ уой æппæт амынд бæстыхæйттæ.