Афæдзы райдайæнæй Дзæуджыхъæуы Тагъд медицинон æххуысы травматологон пунктмæ джыбыты хæстимæ æрбацыд 429 адæймаджы. Уый – ас адæм, уыдоныл ма бафтау сывæллæтты, стæй, республикæйы районты медицинон кусæндæттæм æххуысмæ чи фæзыны, уыдоны, æмæ газеткæсæг бамбардзæн, цы зиан хæссы ацы хæлуарæгхуыз цæрæгой цæрджытæн, уый.
Травмпункты сæргълæууæг Христофор Полондовæй цы информаци фехъуыстам, уый нæ дисы бафтыдта. Цæвиттон сæм джыбыйы хæстимæ фыццаг адæймаг æххуысмæ æрбацыд зымæджы, тъæнджы мæйы. Диссагæй дæр дзы ницы ис, рæстæг уарынхæццæ, хъарм куы хæсса, уæд джыбытæн дæр сæ рæстæг æрцæуы æмæ бирæгæйттæй райдайынц кæрдæджы парахат кæнын.
– Нæ республикæйы джыбы цы низ расайы, уыцы энцефалитæй нырма ничи фæрынчын. Бæрæггæнæнтæм гæсгæ, уыцы уавæры сты нæ алфамбылай регионтæ, суанг Ростовы онг. Нæ кусджытæ базилынц хъæдгоммæ, фæлæ уал, фыццаджыдæр, джыбы адæймаджы буарæй рафтауынц. Уымæ та æрмæст медицинон кусæг арæхсы. Дæхæдæг ыл куы архайай сæппарыныл, уæд йæ сæр
буары баззайы. Уый та, гæнæн ис, æмæ, кæм фæхæцыд, уыцы бынат ссырх уа, гæнæн ис, æмæ, хæф дæр суа. Ахсджиаг у, канд дзы хи фæиппæрд кæнын нæ, фæлæ низ не ‘руадзыны ныхмæ мадзæлттæ саразын. Джыбыты энцефалитæй фæрынчын уæвын у йæ бон хæст адæймагæн. Уымæ гæсгæ, джыбы кæм ныффидар вæййы, уыцы бынаты алыварс фынкгæнаг донхос, кæнæ фурациллинæй ныхсæм, джыбыйы сæфтауæм æд сæр æмæ йæ лабораторимæ арвитæм, низæй хъæстæ у, æви нæ, уый раиртасынмæ. Хæсты бынат хосæй байсæрдæм æмæ йæ бабæттæм, цæмæй йæм чъизи ма фæхæццæ уа. Джыбыйы хæст адæймагмæ та иуцасдæр зилæм, лабораторийы йын йæ тугмæ каст цæуы, боррелиоз дзы ис, æви нæ, уый раиртасынмæ, – зæгъы травмпункты сæргълæууæг.
Травматологтæй уæлдай, уыдонмæ сæ цæст дарынц дохтыр-инфекционисттæ дæр, рафыссынц хъæугæ хостæ æмæ рæстæгæй-рæстæгмæ кæсынц джыбыйы хæст адæймаджы уавæрмæ. Зæрдæхсаинаг куы уа, уæд æй рынчындоны сæвæрынц. Адæмæй бирæтæ ницæмæ дарынц джыбыйы хæст, бынтон дзæгъæлы – низ расайынæн бирæ нæ хъæуы. Йæ фæстиуджытæ уæззау сты адæймагæн, стæй хæдзарон фос æмæ цæрæгойтæн – тугрынæй фæрынчын вæййынц.
Хæлуарæгæнгæс цæрæгойтæ канд боррелиозы низ нæ парахат кæнынц. Гранулоцитарон анаплазмоз, эрлихиоз, джыбыты энцефалит, гæрæм тæфсæг, сыбираг джыбыты тиф – уыцы низтæй рынчын кæнынц зæххы къорийы алы рæтты. Низ ма тæссаг уымæй у, æмæ, цалынмæ адæймаг бамбары, фæрынчын, æви нæ, уæдмæ рацæуы æртæ бонæй æртæ къуырийы онг, алкæмæн дæр дзы йæхи рæстæг бæрæггонд у. Афоныл æмæ кæронмæ дзæбæхгонд куы нæ ’рцæуа, уæд низ рахизы дæргъвæтин цыдмæ, уыимæ, фæсахъат кæны адæймаджы хуылфыдзаумæттæ. Боррелиозæй рынчыны тæвд схизы, сæр дзы риссы, фæлладхуыз æмæ дзы зæрдæ хæццæ кæны, буарыл куы иу ран, куы иннæйы фæзынынц сырх тымбылæгтæ низы райдайæны. Низæн уæззау у йæ цыд, уымæ гæсгæ дохтыртæ дзæвгар рæстæг фæдарынц сæ цæст джыбыйы хæст рынчынмæ.
Дохтыртæ æдзух зæрдыл лæууын кæнынц, низ не ‘руадзынæй йе сдзæбæх кæнын æнцондæр кæй у. Уымæ гæсгæ ма уын Христофор уæ зæрдыл иу хатт лæууын кæны, джыбытæй уæхи цы хуызы бахизат, уый:
– Æрдзы хъæбысмæ, хъæдмæ, цæхæрадонмæ цæугæйæ, уæ буары хæйттæ æхгæдæй дарут, резинкæтæ кæуыл ис, стæй лæгъз чи у, ахæм уæлæдарæс скæнут уæ уæлæ. Къахыдарæс дæр хъуамæ æхгæд уа, цæмæй суанг лыстæг джыбытæн дæр фадат ма уа буарыл ныххæцынæн. Хæдзармæ куы раздæхат, уæд та лæмбынæг кæсут уæхимæ, джыбытæй цух стут, æви нæ, уый раиртасыны тыххæй. Уæхи хъахъхъæнут æмæ æнæнизæй æрвитут уæ цард!
ХУЫБИАТЫ Ларисæ














