Уæрæсейы Рухсады министры хæдивæг Иринæ Шварцман кусæг балцы сæмбæлд Цæгат Ирыстоны. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Сергей Меняйлоимæ фембæлгæйæ, се ‘хсæн ахуырады рæзты фарстаты фæдыл ныхас рауад.
Архайдтой ма дзы Ахуырады нымæцон трансформацийы федералон институты разамонæджы хæстæ æххæстгæнæг Александр Молотков, РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады Администрацийы разамонæг Гобеты Ибрагим, ахуырад æмæ наукæйы министр Алыбегты Эллæ. Мæскуыйаг чиновник уæлдай æргом аздæхта республикæйы æнтыстытæм ахуырады, сæ фылдæр хай регионалон разамынды фæрцы кæй æрцыдысты, уый дæр фæбæрæг кодта. Уæдæ федералон разамынд дæр Цæгат Ирыстонмæ аккаг хуызы æргом здахынц.
Иринæ Шварцман куыд загъта, афтæмæй регионы педагогон кусджытæн æххуысы мадзæлттæ кæнынц. РЦИ-Аланийы Сæргълæууæджы хъæппæрисæй ахуыргæнджытæ исынц æххуыс, фылдæр æргом здæхт цæуы профессион ахуырадмæ. Цалдæр ахуыргæнæндоны архайынц национ проект «Фæсивæд æмæ сывæллæттæ»-йы. Скъолаты кабинеттæ сфæлгонц кæнынæн лæвæрд æрцыд 35 милуан сомы.
Сергей Меняйло куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй республикæйы 162 скъолайы «Уæрæсейы æдасдзинад æмæ йæ бахъахъхъæн»-ы, «Фæллой»-ы кабинеттæ ног ифтонггæрзтæй баххæст кæндзысты. Федералон фæрæзты фæрцы РЦИ-Аланийы ахуырады æмвæзад фæбæрæзонддæр кæндзысты, ахуыр кæныны фадæттæ фæуæрæхдæр уыдзысты.
Скъолатæ, æндæр ахуыргæнæндæттæ ифтонггонд цæуынц нырыккон технологитæй, технопарктæ аразынц, фæзынд нæм сæрмагонд кълæстæ, Иумæйаг паддзахадон фæлварæнмæ цæттæ кæныны центртæ. Ахуырады кусæндæттæ кæнынц цалцæг, ногтæ дæр аразынц. Республикæ 2022 азæй архайы скъолатæм бындуронæй базилыны программæйы, уырдæм равзæрстой 138 скъолайы. Нырмæ дзы 72 рацарæзтой, ацы аз фæсцалцæг байгом уыдзысты 30. Ацы азæй та бавналдзысты рæвдауæндæттæ æмæ профтехтæ цалцæг кæнынмæ.
Уæлæмхасæн ахуырады фæзынд ног 50 мин бынаты, 2021 азæй 2024 азмæ уæлæмхасæн ахуырад аххæссыд сывæллæтты 92 процентыл. Республикæйы Сæргълæууæг куыд бацамыдта, афтæмæй Цæгат Ирыстон дарддæр дæр ахуырады рæзтæн фадæттæ араздзæн, паддзахадон программæтæ æмæ национ проектты архайдзæн. Ахуыргæнджыты дæсныдзинадыл æфтдзæн, пайда кæндзысты нымæцон технологитæй, уæлдай æргом аздахдзысты æрыгон курдиатджын адæммæ.
РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг æмæ Хицауады пресс-службæ