Кæсагдарджыты цæттæ кæнынц

0
173

Цæгат Кавказы фыццаг хатт рауагътой кæсагдарынады, биофæрæзты æмæ аквакультурæйы специалистты. Уыдон цæттæ кæныны фæнд фæзынд, республикæтæ ахæм специалисттæ хъуаг кæй æййæфтой, уымæ гæсгæ.

Ныртæккæ æрмæст Цæгат Ирыстоны ахæм кæсагдарæн хæдзарæдтæ ис 50-йæ фылдæр. Дæс мæйы дæргъы Хæххон аграрон университеты ахуыр кодтой кæсагдарыны сусæгдзинæдтæ. Практикон фæлварæн скодтой сæрмагонд фæзыл, фæлварæн ахаста дыууæ сахаты æмæ ‘рдæг. Студенттæ равдыстой кæсагимæ куысты æппæт фæзилæнтæ, зæгъæм, йæ æрцахсын, йæ равзарын, кæрæдзийæ сæ фæхицæн кæнын, сæ фæдарын, еугæф инкубаторы баппарын, хæрз чысылæй сæ стырдæр асмæ сырæзын кæнын æмæ æндæр хъуыддæгтæ.

Студентты бæрны уыдысты алыхуызон ифтонггæрзтæ, суанг цæугæ донимæ аппараттæ, фидæны кæсагдарджытæ сæ цæст дарынц еугæфы хъæрзхъæддзинадмæ, лæппын кæсæгты рæзтмæ. Университеты Аграрон колледжы разамынд куыд æмбарын кæны, афтæмæй фондз кусæн бынатмæ цæттæ кæнынц фондз эксперты. «Техникон эксперт мах ахуырады организацийæ уыдзæн, сæйраг эксперт – республикæйы кæсагдарæн хæдзарады сæйраг кæсагдарæг, иннæ эксперттæ студентты архайдæн аргъ кæнынц», – зæгъынц колледжы минæвæрттæ.

Курсы рауагъдонты бон бауыдзæн, университеты ацы аз цы ног факультет  –  «Доны биофæрæзтæ æмæ аквакультурæ» фæзындзæн, зæгъгæ, уым сæ ахуыр адарддæр кæнын. Программæ аххæсдзæн дыууæ азы æмæ ‘рдæг. Университеты разамынд куыд зæгъынц, афтæмæй рауагъдонтæ уыцы фадæттæй спайда кæндзысты.

 

Нæ уацхæссæг

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here