Иу стыр бинонтæ

0
132

Ирыстоны рæсугъддæр бынæттæй иуы, æрдзы хъæбысы, æрбынат кодта сывæллæтты дзæбæхгæнæн лагерь «Стъалы».

Цъæх хъæдæй æхгæд бæрзонд къæдзæхты сыгъдæг уæлдæф, алыхуызон кæрдæджыты хæрздæф æмæ хæрзад дон æвдадзы хос сты адæймагæн, уæлдайдæр та рæзгæ удæн.

Дайраны коммæ фæндаг нæ фæхæццæ кодта бынатмæ. Кæрты цы сывæллæттæ хъазыд, уыдоны хъæлдзæг хъæлæба хъуыст алыварсмæ.

Фыццагдæр сæмбæлдыстæм лагеры хицау Уалыты Миланæимæ. Фæлтæрдджын ахуыргæнæг æмæ хъомылгæнæгыл цы бæрнон хæс æвæрд ис, уый хорз æмбары.

– Не стырдæр нысантæ, нæ зонындзинæдтæ, нæ хæстæ æмæ домæнтæ иууылдæр баст сты сабиты хæрзхъæд фæлладуагъдимæ, – зæгъы Миланæ. – Махæн хорз кусынæн, сывæллæттæн та сæхи ирхæфсынæн ис æппæт уавæртæ дæр. Ууыл алывæрсыг бакуыстой горæты разамынд, стæй нæ республикæйы Мыхуыр æмæ дзыллон коммуникациты комитет, профилон сменæ «Медиа кэмп»-ы программæ бацæттæ кæнгæйæ.

– Компьютертæ æмæ интернеты дуджы цы кæстæртæ хъомыл кæны, уыдонимæ иумæ-йаг æвзаг куыд ссарут, боны фæтк аразгæйæ, де ’мкусджытимæ цавæр нысантæ æвæрут уæ размæ?

– Иууылдæр сты тынг дзæбæх сывæллæттæ – æмбаргæ, коммæгæс, хъарм ахастдзинæдтæ ис не ’хсæн. Ныййарджыты лæггад сын кæнынц хъомылгæнджытæ, хионы цæстæй кæсæм кæрæдзимæ. Фыццаг бонæй сын бамбарын кодтам, хæстæгдæр 18 боны мах иу æнгом бинонтæ кæй уыдзыстæм. Къахдзæф
къахдзæфы фæстæ, æмæ хæлæрттæ суæвын нæ къухы бафтыд. Фæхицæн сæ кодтам дзыппыдаргæ телефонтæй, æрмæст сæм вæййынц цыбыр рæстæг, хæдзармæ бадзурынæн. Раст зæгъгæйæ, мысгæ дæр сæ нал кæнынц, стæй сын уæгъд рæстæг дæр уыйбæрц нæй. Фæлтæрдджын хъомылгæнджытæ зонынц, сфæлдыстадон хъæзтытæм сæ куыд æрбаздахын хъæуы, уый. Нæ лагерь чысыл у, 35 чызджы æмæ лæппуйы суазæг кодтам, æмæ дзы алкæмæ дæр хицæн цæстæнгас вæййы. Иу бон иннæйы хуызæн нæу лагеры. Зындгонд адæмимæ цымыдисаг фембæлдтытæ, спортивон ерыстæ, викторинæтæ, зæрдæмæдзæугæ бæрæгбæттæ. Иу ныхасæй, æнкъард ничи кæны. Лагеры уавæрты рæзгæ фæлтæр, æнæ ныййаджытæй, фидар
къахдзæфтæ кæнынц ног зонын-дзинæдтæм, ныфс сæ бацæуы, сæхиуыл æрæууæндынц. Уырны мæ, алы сывæллон дæр ардыгæй кæй аласдзæн йæхи тыххæй ног истори, – зæгъы Миланæ.

Уыцы бон сывæллæттæн мастер-класс кодта национ телеуынынад «Ирыстон»-ы уацхæссæг Калоты  Дзерассæ. Радзырдта сын йæхи æмæ йæ равзæрст дæсныйады тыххæй, кæй фыссы æмæ амоны ирон программæтæ. Базонгæ сæ кодта, журналисты куысты сæйрагдæр кæй у дзырд-арæхст уæвын, цымыдисаг хабæрттæ æмбырд кæнын æмæ сæ уæрæх дзыллæтæм аивæй хæццæ кæнын. Цæмæй хицæн кæнынц уацхæссæг æмæ амонæг? Цавæр цымыдисаг цаутæ-иу æрцыдис комкоммæ эфиры рæстæг? Ацы æмæ æндæр фарстытæн сын дзуаппытæ ратта. Сæ зæрдæмæ кæй фæцыд фембæлд, уымæн æвдисæн уыдыстæм. Кæронбæттæны сын Дзерассæ ратта хæслæвæрд, цæмæй, куыд æрыгон уацхæсджытæ, афтæ ацы фембæлды тыххæй ныффыссой. Стæй равзæрстой, чи хуыздæр сарæхст, уыдоны.

– Ахæм зæрдæмæдзæугæ фембæлдтытæ, мастер-класстæ нæм арæх вæййы. Зæгъæм, сывæллæттæ базонгæ сты кинологон службæйы куыстимæ, уыдис нæм ирон чъиритæ кæнынæй мастер- класс, «пенная вечеринка» кæй хонынц, ахæм изæр, ис нæм ирон къуым, кусы библиотекæ æмæ æндæр мадзæлттæ, – зæгъы хъомылгæнæг Таухъазахты  Фатимæ.

– Уæлдай уарзон сын сты бассейны хъæзтытæ. Сæрдыгон æнтæф бонты дзы æхсызгондзинад исынц. Мах та уыдоны циныл цин кæнæм. Сæрды каникултæ цæмæй зæрдæмæдзæугæ рауайой, цæмæй уæнгрогæй ацæуой сæ фæрныг хæдзæрттæм æмæ æхсызгонæй мысой сæ иумæйаг фæлладуагъд, ууыл архайæм иумæйаг хъарутæй.

Дзукъаты Зураб – уæлæмхасæн ахуырады дæсны педагог, КВН-ы бирæ азты архайæг, хъæл-дзæг, цыргъзонд, цæстуарзон адæймаг. Ацы сæрдыгон бонты та у сывæллæтты лагерь «Стъалы»-йы хъомылгæнæг. – Цы кæнæм, уый иумæ, кæрæдзийы къухтыл хæцгæйæ. «Нæ мæ фæнды, дæу у, мæн у» – ахæм ныхæстæ махмæ ничи фехъусдзæнис. Ныййарджытæ ныл сæ сывæллæтты баууæндыдысты, æмæ сæ зæрдæхудты ницæмæй бацæудзыстæм. Телефонтæй сабиты рæстæгмæ кæй фæхицæн кодтам, уый тыххæй арфæтæ арæх фехъусæм. Æнæмæнгæй, лагермæ балцы
рæстæг нæ кæстæртæ бафсæдынц сыгъдæг уæлдæфы тезгъо кæнынæй, хи найынæй, се ’мгæрттимæ хъазынæй. Райсом раджы куы фестынц, уæд æнæзивæгæй уайынц зарядкæмæ, уарзынц футболæй, теннисæй ахъазын. Курдиатджын сты нæ кæстæртæ. Кафынмæ, зарынмæ хорз арæхсынц. Музыкалон техникæ, спортивон ифтонггарз – алцыдæр нæм ис парахатæй. Изæрыгæтты арты алыварс æрæмбырд вæййæм, цымыдисаг хабæрттæ фæдзурæм, цæхæры картоф баппарæм. Цы ма уа уыцы рæстæгæй æхсызгондæр, – зæгъы Зураб.

Лагеры хицау зæрдæбын арфæ кæны æппæт коллективæн дæр. – Уæлдай бузныг йæ алывæрсыг æххуысы тыххæй «Стъалы»-йы директор Тотойты Валерийæн, директоры хæдивæг Сигъаты Этерийæн, методист Кудзаты Светланæйæн, нæ куратор Гобаты Викторияйæн. Иузæрдионæй кусынц фæлтæрдджын хъомылгæнджытæ Дзукъаты Зураб æмæ Таухъазахты Фатимæ. Тынг лæмбынæгæй кæсы йæ куыстмæ сывæллæтты дохтыр Иринæ Шевченко. Æрвылбон хæрзад æмæ хæрзхъæд хæринаг кæнынц Боциты Ларисæ æмæ Мæдинæ, Дзестелты Людæ æмæ Гæбæраты Гульнарæ. Æдасдзинады фарстамæ иудадзыг каст цæуы. Нæ хъахъхъæнæг Басилаты Сослан, гæрзтæхсæг Нино Павлиашвили æмæ иннæтæ дæр сты арфæйы ныхæсты аккаг, – зæгъы Уалыты Миланæ. – Ме стыр бæллиц у, цæмæй нæ кæстæртæ уарзой æмæ зоной нæ истори æмæ рæсугъд æгъдæуттæ, нæ рагфыдæлты традицитæ ма рох кæной. Сывæллæтты алы къордимæ дæр ацæуæм Уациллайы кувæндонмæ. Æххуысгæнæг уæд алкæмæн дæр!

Лагеры кæртмæ бахизгæйæ, сывæллæттимæ, хъомылгæнджытимæ аныхас кæнгæйæ, сæ уавæртæ фенгæйæ, адæймаджы зæрдæ рухс кæны сæ райдзаст æмæ аив фæлгонцæй. Арфæ-йаг куыст кæнут æмæ уын ноджы фылдæр бантысæд!

Гугкаты Жаннæ,
къамтæ систа
Татьянæ Шеходанова

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here