«Хъæбатырты цæсгæмттæ»

0
188

Алыхуызон фæлтæрты хъæбатырты æмæ се сгуыхтдзинæдтæ зæрдыл бадарынæн политикон парти «Иугонд Уæрæсе»-йы цæгатирыстойнаг хайад, стæй нæ республикæйы Арæзтад æмæ Ахуырады министрадтæ æххæст кæнынц проект «Хъæбатырты цæсгæмттæ».

Цæгат Ирыстоны Сæргълæууæг, амынд хайады нымæрдар Сергей Меняйлойы фæндонæй, скъолаты раззаг къултыл скæнынц алыхуызон азты хъæбатырты къамтæ (ныхас цæуы Фыдыбæстæйы Стыр хæсты, сæрмагонд æфсæддон операци æмæ æндæр гæрзифтонг быцæуты архайджытыл, Уæрæсейы Хъæбатыртыл, стæй, ахуыргæнæндæттæн кæй нæмттæ раттой, ахæм зындгонд адæймæгтыл).

– Ацы аз проект Алагир æмæ Мæздæджы районты, стæй Дзæуджы-хъæуы æххæссы ссæдз скъолайыл. Ныридæгæн дыууадæс скъолайы бæстыхæйттæ сфидыдтой Советон Цæдис æмæ Уæрæсейы Хъæбатыртæ Остъаты Алексейы, Хъараты Алыксандры, Александр Даниловы, Геннадий Трошевы, Александр Стыцинайы, Андрей Днепровскийы, национ хъæбатыр сылгоймаг Баситы Чабæханы,
таурæгъон сгарæг Мамсыраты Хаджумар æмæ иннæ адæймæгты къамтæй. Ныртæккæ ацы куыст ноджыдæр ма аст скъолайы цæуы. Куыстытæ афоныл æмæ хæрзхъæдæй æххæстгæнæг арæзтадон кусæндæттæн æмæ нывгæнджытæн – бузныг. Æппæт къамтыл ахуыргæнæндæтты коллективтæ æмæ ныййарджыты комитеттимæ бафидауæм. Скъоладзаутæ нæ бæстæйы æмæ райгуырæн республикæйы истори ахуыр кæнынмæ цæмæй фылдæр æргом здахой, проект «Хъæбатырты цæсгæмттæ» уымæн ахъаз кæны, – загъта амынд хайады нымæрдары хæдивæг Едзойты Марат.

Фиппаинаг: историон номарæн бахъахъхъæныны хъуыддаг æмæ фæсивæды патриотон хъомылад хауынц «Иугонд Уæрæсе»-йы адæмон программæмæ.

 

Санаты Альбинæ

 

ОСТАВЬТЕ ОТВЕТ

Please enter your comment!
Please enter your name here