Цæгат Ирыстоны 50 ахуырдзауæй фылдæр систы профориентацион конкурс «Поступай в СОГУ со Знанием»-ы уæлахиздзаутæ. Хетæгкаты Къостайы номыл Цæгат Ирыстоны паддзахадон университеты наукон библиотекæйы кадджын уавæры сбæрæг кодтой профориентацион конкурс «Поступай в СОГУ со Знанием»-ы фыццæгæм къæпхæны уæлахиздзауты.
Проект «Поступай в СОГУ со Знанием» арæзт цæуы университет, РЦИ-Аланийы
Ахуырад æмæ наукæйы министрад æмæ æхсæнад «Зонынад»-ы иумæйаг хъæппæрисæй.
Конкурс райдыдта 2025 азы мартъийы мæйы. Архайынц дзы 800 хистæр кълæсты ахуырдзауы нæ республикæйы алы районтæй. Дыууæ мæйы дæргъы университеты цыппар факультеты ахуыргæнджытæ сын кастысты наукон-популярон лекцитæ, арæзтой сын мастер-класстæ: физикæ, хими, биологи, географи æмæ ирон филологийæ.
Конкурсы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, 53 ахуырдзауы райсдзысты уæлæмхасæн 3-5 баллы Иумæйаг паддзахадон фæлварæны бæрæггæнæнтæм, ЦИПУ-йы уыцы факультеттæм цæугæйæ.
Кадджын мадзалы ахуырдзаутæн арфæ ракодтой РЦИ-Аланийы
ахуырад æмæ наукæйы министры хæдивæг Дзанайты Марк æмæ Хетæгкаты Къостайы номыл паддзахадон университеты ректор Огъуаты Алан.
Университеты разамонæг йæ раныхасы куыд фæбæрæг кодта, афтæмæй Цæгат Ирыстоны паддзахадон университет зæрдиагæй архайы, ахуырады къабазы нæ бæстæйы размæ цы ахсджиаг фарстатæ лæууы, уыдон лыг кæныны хъуыддаджы, цæуы ног ивддзинæдты æмрæнхъ.
– Мæн уырны, алы студентæн дæр фадат кæй уыдзæн, нæ университеты ахуыры рæстæг йæ курдиæттæ раргом кæнынæн. Бузныг зæгъын алкæмæн дæр, ацы хъуыддаджы нæ фарсмæ чи æрбалæууыд, æнтыстджынæй хæслæвæрдтæ чи сæххæст кодта æмæ æвзарæн къæпхæны сæрты чи ахызт, уыдонæн. Университетыл цæуы 105 азы – мах æнæрынцойæ архайæм, цæмæй размæ цæуа, студенттæн гом кæнæм ног ахуырадон къабæзтæ, аразæм сын хуыздæр уавæртæ сæ профессионалон рæзтæн. Нæ фарсмæ сты Уæрæсейы хуыздæр уæлдæр ахуыргæнæндæттæ æмæ нæ студенттæ сæ фæлтæрд-дзинад фæбæрзонддæр кæнынмæ ацæуынц уырдæм. Уырны мæ, алчидæр уæ махмæ йæ курдиат кæй райхалдзæн, æмæ уæ уæ ныййарджытæ сæрбæрзонд кæй уыдзысты. Мæ зæрдæ дарын, ацы баллтæ уын кæй баххуыс уыдзысты нæ университетмæ æрбацæуынæн. Æхсызгонæй уæм æнхъæлмæ кæсæм! – загъта Огъуаты Алан.
ХЪОЙБАЙТЫ Галинæ














