РЦИ-Аланийы премьер-министр ДЗАНАЙТЫ Барисы разамындæй республикæйы Хицауадæн цы æмбырд уыд, уым ныхас рауад регионы дарддæры социалон-экономикон райрæзты нысантыл, æрвылбоны царды æндæр ахсджиаг фарстатыл.
Æмбырды архайджытæ сæрмагонд æргом аздæхтой, республикæйы дарддæры рæзты фæдыл Уæрæсейы Президент цы амынддзинæдтæ радта æмæ федералон Хицауад цы уынаффæтæ сфидар кодта, уыдон æххæст кæныныл архайд куыд цæуы, уымæ. Æппæт уыцы хъуыддæгтимæ бастæй РЦИ-Аланийы Сæргълæууæг Хицауады уæнгтæн сæ бæрны цы куыстытæ бакодта, уыдоны цæттæдзинадæн дæр аргъгонд æрцыд.
Афтæ, Цæгат Ирыстоны Нымæцон рæзты комитеты сæрдар Гахаты Даниилы доклады бæлвырд бæрæггæнæнтæ æрхастæуыд, республикæйы хæххон æмæ дæрддзæф хъæутæм нырыккон бастдзинад куыд хæццæ кæны, уый тыххæй. Гахайы-фырты ныхасмæ гæсгæ, фæстаг дыууæ азы дæргъы нырыккон телекоммуникацион ифтонггæрзтæ æвæрд æрцыд Дзинагъайы, Хохы Санибайы, Мæхческ æмæ Тельмæны поселочы. Азы кæронмæ ног интернет кусын райдайдзæн Стыр-Дыгур æмæ Хъуысайы-фырты хъæуты дæр. Уыцы куыстытæн хатдзæгтæ кæнгæйæ, Дзанайты Барис куыд бафиппайдта, афтæмæй нымæцон бастдзинадæй хъуамæ ифтонг æрцæуой респуб-
ликæйы æппæт цæрæн бынæттæ дæр, æмæ уыцы нысаныл уæхскуæзæй архайд хъуамæ цæуа.
Ахæм фæткы бындурыл ныхасы архайджытæ ‘рдзырдтой транспортон лæггæдты хæрзхъæддзинады, фæндаггон инфраструктурæйы объектты нывылады, туристон проекттæ æххæст кæнын æмæ æндæр вазыгджын фарстатыл.
– Фыццаградон æргом аздахын хъæуы хицаудзинады федералон Хицауад æмæ регионы Сæргълæу-уæджы амынддзинæдтæ æмæ уынаффæтæ æххæст кæнынмæ. Уыимæ, лæмбынæг цæстдард хъуамæ уа, республикæйы ахсджиаг социалон объекттыл цы арæзтадон-монтажгæнæн куыстытæ кæнынц, уыдоны фæткмæ. Сæрмагонд æркасты аккаг у, хæстæгдæр фидæны цалцæг æмæ арæзтады пълантæм цы объекттæ бахæссынвæнд кæнæм, уыдоны номхыгъдыл бакусын, хъæугæ проектон документаци афойнадыл бацæттæ кæнын. Рох уæ ма уæд нæ цæрæн бынæтты санитарон сыгъдæгдзинад æмæ фæлгонцады фарстатæ дæр. Иу ныхасæй, æппæт фадæттæй дæр архайын хъæуы, цæмæй регионы уавæр хуыздæрæрдæм ива, йæ адæмы царды уавæртæ та кæной фæрныгдæр, – бацамыдта Хицауады Сæрдар.
КАЛМАНТЫ Аслан














